Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 7:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

25 Ды та, Езра, хайджын кӕмӕй дӕ, дӕ Хуыцауы уыцы ӕнӕкӕрон зондмӕ гӕсгӕ хицӕуттӕ ӕмӕ тӕрхонгӕнджытӕ равзар, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ цӕрджытӕй, дӕ Хуыцауы Ӕгъдау чи зоны, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр тӕрхон куыд хӕссой, афтӕ; чи йӕ нӕ зоны, уыдонӕн та йӕ бацамонут.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 7:25
30 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ фараон йӕ дӕлдӕртӕн загъта: «Кӕм ма ссардзыстӕм ӕндӕр ахӕм адӕймаджы, Хуыцауы Удӕй хайджын чи уа?»


Йосефӕн дӕр загъта: «Хуыцау дын адон иууыл кӕм раргом кодта, уым дыккаг дӕу хуызӕн куырыхон лӕг нӕй!


Ӕппӕт Израилы адӕмыл дӕр айхъуысти паддзахы тӕрхоны хабар, ӕмӕ йын аргъуыц кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ федтой, Хуыцауы уӕлзондӕй хайджын тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уый.


Паддзах бафӕдзӕхста: «Уырдыгӕй Ассиримӕ хаст чи ӕрцыд, уыцы сауджынтӕй иуы фӕстӕмӕ ӕрбакӕнут. Уадз ӕмӕ уым цӕра ӕмӕ сӕ, уыцы бӕстӕйы Хуыцауӕн кад кӕнын куыд хъӕуы, ууыл сахуыр кӕна».


Дунедарӕг дын раттӕд куырыхон зонд ӕмӕ алцы ӕвзарыны курдиат, цӕмӕй, Израилы сӕргъы дӕ куы ӕрлӕууын кӕна, уӕд ӕххӕст кӕнай Дунедарӕджы, дӕ Хуыцауы, Ӕгъдау.


Уыдонӕй Дунедарӕджы хӕдзары куысты урӕд ӕрцыди цыппар ӕмӕ ссӕдз мины, бӕрнылӕгтӕ ӕмӕ тӕрхоны лӕгтӕй — ӕхсӕз мины,


Уӕдӕ сыст уӕлӕмӕ, хъуыддаг дӕуӕй аразгӕ у, ӕмӕ мах дӕр дӕумӕ кӕсӕм: цырд фӕлӕуу ӕмӕ февнал!»


Уымӕ гӕсгӕ сымах, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ бӕстыхицау Таттенай, стӕй Шетар-Бознай, уе ’мбӕлттимӕ, уыцы фӕрсбӕстӕйы барджынтимӕ, ацӕут уырдыгӕй.


Уымӕн ӕмӕ Езра йӕхи снывонд кодта Дунедарӕджы Ӕгъдау базонын ӕмӕ ӕххӕст кӕнынӕн, Израилы дӕр уыцы Ӕгъдау фидар кӕнын ӕмӕ рӕстдзинад амонынӕн.


Уымӕн ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ авд уынаффӕгӕнӕджы дӕу Иудей ӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрвитынц, дӕ къухы чи ис, дӕ Хуыцауы уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕм ӕркӕсынмӕ;


Уыцы иу ран лӕугӕйӕ, боны цыппӕрӕм хайы дӕргъы Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, Ӕгъдауы чиныг кастысты, боны иннӕ цыппӕрӕм хайы та ӕргом кодтой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ-иу бакуывтой Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн.


Ныр ӕз зонын, Дунедарӕг Йӕ байсӕрст паддзахы кӕй ирвӕзын кӕны. Йӕ уаз уӕлӕрвтӕй йын фехъусы йӕ сидт, Йӕ рахиз къухы хъомысӕй йын ратты уӕлахиз.


Адӕймаджы уӕлзондӕй Дунедарӕг схайджын кӕны, зонд ӕмӕ зонынад Уый дзыхӕй рацӕуынц.


Уымӕн ӕмӕ фӕдзӕхст у цырагъ, ахуырад — рухс, зондамынд — царды фӕндаг.


Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ, Хуыцауы базонынӕн пайда цы у, уыдӕттӕ хъуысой, йӕ ныхӕсты йын Хуыцауы Ӕгъдау агурынц, уымӕн ӕмӕ уый Уӕларвӕфсады Бардарӕджы минӕвар у.


Йесо та сын загъта: «Уӕдӕ Уӕларвон Паддзахады ахуыргӕнинаг чидӕриддӕр сси, уыцы динамонӕг у, йӕ къӕбицӕй ног дзаума дӕр ӕмӕ зӕронд дзаума дӕр чи райсы, ахӕм хӕдзары хицауы хуызӕн».


Йесо былмӕ куы рахызти, уӕд федта бирӕ адӕмы ӕмӕ сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты ӕнӕфыййау фыстау. Ӕмӕ сӕ бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕнын райдыдта.


Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, дын кӕй дӕтты, ӕппӕт уыцы сахарты дӕ мыггӕгтӕн тӕрхонгӕнджытӕ ӕмӕ уагдартӕ сӕвӕр, адӕмӕн раст тӕрхон куыд кӕной, афтӕ.


Мах хъусын кӕнӕм Чырыстийы тыххӕй; ӕппӕт зонынадӕй дӕр пайда кӕнгӕйӕ, алы адӕймагӕн дӕр зонд амонӕм ӕмӕ йӕ ахуыр кӕнӕм, цӕмӕй алы адӕймаг дӕр, Чырыстиимӕ кӕй ис, уый фӕрцы Хуыцауы раз ӕнаиппӕй ӕрлӕууа.


Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не ’ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, — ӕмӕ йын ратдзӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ