23 Уӕларвон Хуыцауы фӕндон хъуамӕ биноныгӕй ӕххӕстгонд цӕуа Йӕ хӕдзарӕн, цӕмӕй паддзахад, паддзах ӕмӕ йӕ фырттӕ Хуыцауы фыдӕхӕй хызт уой.
бафӕдзӕхстон, цӕмӕй, мӕ паддзахады Израилы адӕм, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй чи ис, уыдонӕй Йерусалиммӕ кӕйдӕриддӕр бафӕнда, уыдон ацӕуой йемӕ.
Ӕвзист ӕмӕ ма сыгъзӕринӕй цы баззайа, уымӕй та, уӕ Хуыцауы фӕндӕй, дӕу ӕмӕ де ’фсымӕрты цы бафӕнда, уый саразут.
ӕвзист — сӕдӕ таланты, мӕнӕу — сӕдӕ коры, сӕн — сӕдӕ баты, оливӕйы сой — сӕдӕ баты, цӕхх та — цасдӕриддӕр бахъӕуа, уый бӕрц.
Хӕстоны цыргъ фӕттӕ, ӕрцыты судзгӕ цӕхӕртӕ.
Уыдон ын загътой: «Дзуттӕгты Хуыцау нӕм ӕргом рацыд. Ӕдзӕрӕг быдырмӕ нӕ ауадз ӕртӕ бонцауы ӕддӕдӕр, цӕмӕй Дунедарӕгӕн, нӕ Хуыцауӕн, нывонд ӕрхӕссӕм, науӕд ныл йӕ рын бафтаудзӕн, йе та нӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн».
Цы сахармӕ уӕ фӕсырдтон, уымӕн йӕ фарнмӕ бӕллут ӕмӕ уыцы сахары тыххӕй Дунедарӕгмӕ кувут, уымӕн ӕмӕ уый фӕрнджын куы уа, уӕд сымах дӕр ӕнӕмастӕй цӕрдзыстут».
Уыцы бон Йерусалим ӕппӕт адӕмтӕн уӕззау дуры хуызӕн суыдзӕни; сисыныл ӕй чи архайа, уыдон тыхсаст фӕуыдзысты, афтӕмӕй йӕ ныхмӕ та ӕрӕмбырд уыдзысты ӕгас зӕххы адӕмтӕ.