19 Дӕ Хуыцауы хӕдзары лӕггад кӕнынӕн дын лӕвӕрд цы мигӕнӕнтӕ ӕрцыдис, уыдон та сӕвӕр Йерусалимы Хуыцауы раз.
Уыдон Йерусалимы Хуыцауы барстой иннӕ адӕмты хуыцӕуттыл, адӕймаджы къухӕй конд хуыцаугӕндтыл.
Ӕвзист ӕмӕ ма сыгъзӕринӕй цы баззайа, уымӕй та, уӕ Хуыцауы фӕндӕй, дӕу ӕмӕ де ’фсымӕрты цы бафӕнда, уый саразут.
Уымӕй уӕлдай ма дӕ Хуыцауы хӕдзарӕн хъӕугӕйыл цы банымайай, уыдон та дӕтт паддзахы хӕзнадонӕй.
„Уыдон дӕр Вавилонмӕ ласт ӕрцӕудзысты ӕмӕ уым баззайдзысты, цалынмӕ Мӕ тӕрхоны рӕстӕг нӕ ралӕууа, — зӕгъы Дунедарӕг, — цалынмӕ сӕ Ӕз нӕ рахӕссын кӕнон ӕмӕ сӕ фӕстӕмӕ ацы бынатмӕ нӕ раздахон, уӕдмӕ“».
Уыцы заман Йерусалимы сахар схондзысты Дунедарӕджы паддзахы бадӕн. Ӕппӕт адӕмтӕ ӕрӕмбырд уыдзысты Йерусалиммӕ, цӕмӕй Дунедарӕджы номӕн скад кӕной. Фыдзӕрдӕ ӕмӕ хивастӕй цы митӕ кодтой, уыдон ныууадздзысты.