Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 7:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 уыдон, ӕгас Вавилоны цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин ӕрӕмбырд кӕнай ӕмӕ ӕппӕт израилаг дзыллӕ ӕмӕ сауджынтӕ сӕ Хуыцауы хӕдзарӕн Йерусалимы барвӕндӕй цы лӕвӕрттӕ ракӕной, уыдӕттимӕ иумӕ бынатыл сӕмбӕлын кӕнынмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 7:16
13 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Зонын, мӕ Хуыцау, Ды уыныс адӕмы зӕрдӕтӕ ӕмӕ уарзыс сыгъдӕгзӕрдӕты. Ӕз Дын мӕ сыгъдӕг зӕрдӕйӕ рауӕлдай кодтон ӕппӕт адон. Зӕрдӕрайгӕйӕ федтон, ам Дын цы адӕм ис, уыдон Дын сӕ мысайнӕгтӕ зӕрдиагӕй куыд дӕттынц, уый дӕр.


Ӕмӕ райдыдтой мысайнӕгтӕ дӕттын Израилы мыггӕгты ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, миныхицӕуттӕ, сӕдӕйыхицӕуттӕ, стӕй паддзахы исбонмӕ цӕстдарджытӕ дӕр.


Адӕм цин кодтой, Дунедарӕгӕн афтӕ зӕрдиагӕй кӕй хастой сӕ мысайнӕгтӕ, ууыл. Цинӕй ради паддзах Давиды зӕрдӕ дӕр.


Имнайы фырт Коре, левит, уыди скӕсӕйнаг кулдуары дуаргӕс. Уый дзуапп лӕвӕрдта, Хуыцауӕн бархийӕ цы хуынтӕ хастой, уыдонӕн, стӕй уӕрста Дунедарӕгӕн хаст нывӕндтӕ ӕмӕ, цы лӕвӕрттӕ снывонд чындӕуыд, уыдон.


Ныр Дын Ӕз сарӕзтон бӕрзонд хӕдзар, цӕмӕй дзы цӕрай мыггагмӕ».


„Мӕ адӕмы Мысырӕй куы ракодтон, уӕдӕй абонмӕ Израилы хӕдзарвӕндӕгтӕй иуы сахар дӕр нӕ равзӕрстон, цӕмӕй дзы Мӕ номыл Кувӕндон саразон, стӕй мӕ адӕмӕн хицауӕй дӕр никӕй сӕвзӕрстон.


Фӕлӕ ныр Ӕз равзӕрстон Йерусалим, цӕмӕй дзы цӕра Мӕ ном, ӕмӕ сӕвзӕрстон Давиды, цӕмӕй ӕрлӕууа Мӕ адӕмы, Израилы сӕргъы“.


Ӕндӕр рӕттӕм чи фӕхауди, кӕмфӕнды уӕд, уыдонмӕ та бынӕттон цӕрджытӕ, Хуыцауы Кувӕндонӕн мысайнӕгтӕ раттынӕй уӕлдай, фӕкӕсӕнт ӕвзист, сыгъзӕрин, мулк ӕмӕ хайуантӕй“».


Кувӕндонӕн алыхуызон мысайнӕгтӕй уӕлӕмӕ ма сын сӕ сыхӕгтӕ лӕвӕрдтой ӕвзист мигӕнӕнтӕ, сыгъзӕрин, мулк ӕмӕ хайуантӕ.


сӕ зӕххытӕ сын радта исбонӕн — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у;


Нӕ къух цас амоны, уый бӕрц зӕрдиагӕй куы дӕттӕм, уӕд уый Хуыцауӕн фӕндон у; цы нӕм нӕй, уый Хуыцау нӕ домы.


Йӕ цӕст цас уарзы, алчидӕр уый бӕрц хъуамӕ ратта ӕнӕхъынцъымӕй ӕмӕ барвӕндонӕй, уымӕн ӕмӕ, зӕрдӕрухсӕй чи дӕтты, Хуыцау уыцы адӕймаджы уарзы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ