Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 7:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Уымӕн ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ авд уынаффӕгӕнӕджы дӕу Иудей ӕмӕ Йерусалиммӕ ӕрвитынц, дӕ къухы чи ис, дӕ Хуыцауы уыцы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕм ӕркӕсынмӕ;

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 7:14
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гъемӕ уӕ Йӕ адӕмӕй чи у, уыдонӕн Дунедарӕг ахъӕзгӕнӕг фӕуӕд ӕмӕ фӕцӕуӕнт Йерусалиммӕ, Иудейы бӕстӕм, ӕмӕ бавналӕнт Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Йерусалимы Чи ис, Уыцы Хуыцауы Кувӕндон аразынмӕ.


Паддзахӕн хъусын кӕнӕм, мах кӕй фӕцыдыстӕм Иудейы бӕстӕм ӕмӕ Стыр Хуыцауы хӕдзар кӕй бабӕрӕг кодтам. Егъау дуртӕй йӕ кӕнынц, дурӕй амайынц къултӕ, хъӕдӕрмӕгӕй дӕр пайда кӕнынц, афтӕмӕй. Куыст хӕлофӕй цӕуы размӕ, аразджытӕн дзӕвгар ӕнтысы.


Ацы бардзырды ныхмӕ цы паддзах кӕнӕ адӕм рацӕуой ӕмӕ Йерусалимы Хуыцауы хӕдзарӕн зиан ракӕнынмӕ йӕ къух кӕмӕн батаса, уыдоны баййафӕд, уыцы хӕдзар Кӕй номыл у, уыцы Хуыцауы фыдӕх. Ӕз, Дарий, дӕттын ацы бардзырд, ӕмӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕххӕстгонд ӕрцӕуа».


Ӕз уын бардзырд дӕттын: иудейаг хистӕртӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Хуыцауы хӕдзар фӕстӕмӕ йӕ хуыз райса. Уыцы адӕмӕн паддзахы исбонӕй — Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ фиддонтӕй — ӕвӕстиатӕй хай кӕнут, цӕмӕй куыст къуылымпы ма цӕуа.


Йӕ цӕрӕнуат Йерусалимы кӕмӕн ис, Израилы уыцы Хуыцауӕн паддзах ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджытӕ цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин мысайнӕгтӕ ӕрӕвӕрдтой,


Паддзах ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджыты, паддзахы хъомысджын ӕлдӕртты хорзӕх мын Чи радта! Дунедарӕг, мӕ Хуыцау, аудыдта мӕныл, ӕмӕ уымӕн фӕныфсджын дӕн ӕз ӕмӕ Израилы хистӕрты дӕр уымӕн сразӕнгард кодтон мемӕ цӕуынмӕ.


Нӕ Хуыцауы хӕдзары номыл нӕм мысайнаджы охыл цыдӕриддӕр ӕрцыдис — ӕвзист, сыгъзӕрин ӕмӕ мигӕнӕнтӕ — уыдон сӕм барст-нымадӕй радтон: паддзахы, йӕ уынаффӕгӕнджытӕ ӕмӕ йе ’лдӕртты, стӕй уымы израилӕгтӕн се ’ппӕты лӕвӕрттӕ.


Уыцы рӕстӕг Ксерксмӕ персайнаг ӕмӕ мидиаг авд ӕлдары — Каршена, Шетар, Адмата, Таршиш, Мерес, Марсена, Мемухан — уӕлдай нымад уыдысты, йӕхимӕ сӕ ӕрбаввахс кодта. Паддзахы размӕ сын ӕнӕкъуылымпыйӕ фӕндаг уыди, паддзахады фыццаг лӕгтӕ уыдысты.


Уе ’ргом раздахут Хуыцауы амындтытӕ ӕмӕ уынаффӕтӕм. Афтӕ уын чи нӕ дзура, уыдонӕн сӕ ныхӕсты рухс нӕй.


Паддзах загъта Даниилӕн: «Уӕ Хуыцау ӕцӕг у хуыцӕутты Хуыцау, паддзӕхты Паддзах ӕмӕ сусӕгтӕ Ӕргомгӕнӕг, уый тыххӕй ӕмӕ ды ацы сусӕгдзинад раргом кодтай».


Хъоргъмӕ куы бахӕццӕ, уӕд Даниилмӕ ӕнкъард хъӕлӕсӕй ныдздзырдта: «Даниил, цардӕгас Хуыцауы цагъар! Ӕнувыдӕй Кӕмӕн лӕггад кӕныс, уыцы Хуыцау дӕ домбӕйтты дзыхӕй фервӕзын кодта?»


Мӕ паддзахады цӕрджытӕ! Тӕрсут ӕмӕ ӕмризӕджы ризут Даниилы Хуыцауы раз! Уый у цардӕгас ӕмӕ ӕнусон Хуыцау! Йӕ паддзахадӕн фесӕфӕн нӕй, ӕмӕ Йӕ хицаудзинадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн!


«Уацарӕй чи раздӕхти, уыдонӕй — Хелдай, Товиа ӕмӕ Иедаийӕ — мысайнӕгтӕ райс ӕмӕ уайтагъд ацу Софониайы фырт Йосиайы хӕдзармӕ, уыдон уырдӕм ӕрбацыдысты Вавилонӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ