7 Хуыцауы хӕдзары арӕзтад ма къуылымпы кӕнут. Иудейы бӕстыхицау ӕмӕ иудейаг хистӕртӕ Хуыцауы хӕдзар саразӕнт йӕ раздӕры бынаты.
Гъемӕ уӕ Йӕ адӕмӕй чи у, уыдонӕн Дунедарӕг ахъӕзгӕнӕг фӕуӕд ӕмӕ фӕцӕуӕнт Йерусалиммӕ, Иудейы бӕстӕм, ӕмӕ бавналӕнт Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Йерусалимы Чи ис, Уыцы Хуыцауы Кувӕндон аразынмӕ.
Уымӕ гӕсгӕ сымах, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ бӕстыхицау Таттенай, стӕй Шетар-Бознай, уе ’мбӕлттимӕ, уыцы фӕрсбӕстӕйы барджынтимӕ, ацӕут уырдыгӕй.
Ӕз уын бардзырд дӕттын: иудейаг хистӕртӕн ӕххуыс кӕнут, цӕмӕй Хуыцауы хӕдзар фӕстӕмӕ йӕ хуыз райса. Уыцы адӕмӕн паддзахы исбонӕй — Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ фиддонтӕй — ӕвӕстиатӕй хай кӕнут, цӕмӕй куыст къуылымпы ма цӕуа.