Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 6:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уымӕ гӕсгӕ сымах, Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ бӕстыхицау Таттенай, стӕй Шетар-Бознай, уе ’мбӕлттимӕ, уыцы фӕрсбӕстӕйы барджынтимӕ, ацӕут уырдыгӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 6:6
14 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».


Ӕппӕтхъомыс Хуыцау уӕм фӕфӕлмӕн кӕнӕд уыцы лӕджы зӕрдӕ, цӕмӕй уын рауадза уӕ иннӕ ӕфсымӕры ӕмӕ Бениамины дӕр. Мӕн та кӕд хъысмӕт фенӕхай кӕнинаг у мӕ цотӕй, уӕд мӕ фенӕхай кӕнӕд!»


«Рехум, уынаффӕйы лӕг, нымӕрдар Шимшай ӕмӕ сӕ иннӕ ӕмкусджытӕ — динайӕгтӕ, афарсатхӕгтӕ, тарплайӕгтӕ, афарсатхӕгтӕ, аркевӕгтӕ, вавилойнӕгтӕ, дегайӕгтӕ, еламӕгтӕ Шушанӕй,


Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой, ӕмӕ сӕм Доны Евфраты фаллаг фарсы бӕстыхицау Таттенай ӕмӕ Шетар-Бознай се ’мбӕлттимӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ сӕ бафарстой, чи уын бар радта, цӕмӕй ацы бӕстыхай дарддӕр аразат ӕмӕ ацы къултӕ кӕронмӕ амайат, зӕгъгӕ.


Мӕнӕ бӕстон, Евфраты фаллаг фарсы бӕстыхицау Таттенай ӕмӕ Шетар-Бознай се ’мбӕлттимӕ, цӕугӕдоны фаллаг фарс цӕрӕг афарсатхӕгтимӕ, паддзах Даримӕ цы фыстӕг арвыстой, уый мидис.


Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ бӕстыхицау Таттенай ӕмӕ Шетар-Бознай се ’мбӕлттимӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ паддзах Дарийы бардзырд сӕххӕст кодтой.


Хуыцауы хӕдзары арӕзтад ма къуылымпы кӕнут. Иудейы бӕстыхицау ӕмӕ иудейаг хистӕртӕ Хуыцауы хӕдзар саразӕнт йӕ раздӕры бынаты.


Дӕумӕ кувын, Дунедарӕг! Фехъуысӕд Дӕм Дӕ цагъары куывд ӕмӕ, Дӕ номӕн Дын кад чи кӕны, Дӕ уыцы цагъарты куывд! Дӕ рӕстаудӕнӕй мӕ фӕхайджын кӕн, ацы адӕймаджы хорзӕх мын ратт. (Уыцы заман ӕз дзагдар уыдтӕн паддзахӕн.)


Ау, Дунедарӕгӕй, хатыр цы у, уый ферох ис, ӕмӕ Йӕ маст никуыуал ссӕудзӕн?


Паддзахы зӕрдӕ Дунедарӕджы къухы ис, цӕугӕдонау ӕй, кӕцырдӕм Ӕй фӕнды, уырдӕм здахы.


Зонд дӕр, уӕлзонд дӕр ӕмӕ уынаффӕ дӕр Дунедарӕджы раз ницы сты.


Ӕгӕр сӕ никуы бафхӕрдта, Йӕхи-иу сыл куы атигъ кодта, уӕд дӕр. Скӕсӕйнаг дымгӕйау сӕ иуварс фехста Йӕ карз раулӕфтӕй.


Уымӕ ма цы бафтауӕм? Кӕд Хуыцау нӕ фарс у, уӕд нӕ ныхмӕ та чи у?


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ