Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 6:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Стӕй Хуыцауы хӕдзары сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ — Навуходоносор Йерусалимы Кувӕндонӕй кӕй рахаста ӕмӕ Вавилоны кӕй балӕууын кодта, уыдон — фӕстӕмӕ ратгӕ сты, алкӕцы дӕр дзы Хуыцауы хӕдзары хъуамӕ йӕ фыццаг бынатыл сӕмбӕла.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 6:5
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг рагацау куыд загъта, афтӕ уый Дунедарӕджы Кувӕндоны ӕмӕ паддзахы галуаны хӕзнатӕ иууылдӕр раласта, йӕ заманы Израилы паддзах Соломон Дунедарӕджы Кувӕндонӕн цы сыгъзӕрин мигӕнӕнтӕ скодта, уыдон та ныппырх кодта.


Уалдзӕджы йӕм Навуходоносор арвыста, ӕмӕ йӕ Вавилонмӕ уацары акодтой, ноджы ма рахастой Дунедарӕджы Кувӕндоны зынаргъ дзауматӕ дӕр. Иудей ӕмӕ Йерусалимӕн та паддзахӕй сӕвӕрдта уымӕн йе ’фсымӕр Цедекиайы.


Хуыцауы Кувӕндоны ма цы дзауматӕ уыди, уыдон, стырӕй, къаннӕгӕй, стӕй Дунедарӕджы Кувӕндоны хӕзнатӕ, паддзах ӕмӕ йе ’лдӕртты хӕзнатӕ — иууылдӕр сӕ аласта Вавилонмӕ.


Навуходоносор Йерусалимы Кувӕндонӕй кӕй рахаста ӕмӕ Вавилоны кувӕндоны кӕй сӕвӕрдта, уыцы сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнтӕ паддзах Кир уырдыгӕй рахӕссын кодта ӕмӕ сӕ, Иудейы бӕстӕйӕн хицауӕй кӕй сӕвӕрдта, йӕ ном Шешбаццар, уымӕ радта.


Уый фӕстӕ ӕз сауджынтӕ ӕмӕ ӕппӕт адӕмӕн фехъусын кодтон: «Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: ма хъусут пехуымпартӕм; уыдон уын дзурынц, тагъд рӕстӕджы Дунедарӕджы хӕдзары дзаума фӕстӕмӕ Вавилонӕй ласт ӕрцӕудзӕни, зӕгъгӕ. Сӕ ныхӕстӕ мӕнг сты.


Хъахъхъӕнджыты хицау йемӕ аласта, сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист мигӕнӕнӕй дзы цыдӕриддӕр уыдис, уыдон: боцкъатӕ, будсудзӕнтӕ, кӕхцытӕ, ӕгтӕ, цырагъдарӕнтӕ, будсудзӕн куыситӕ ӕмӕ мигӕнӕнтӕ.


Дунедарӕг Иоакимы вавилойнаг паддзахы уацары бакодта. Навуходоносор Хуыцауы хӕдзары мигӕнӕнтӕн сӕ иу хай Шинары бӕстӕм аласта ӕмӕ сӕ йӕ хуыцауы хӕдзары хӕзнадоны сӕвӕрдта.


Куы банозтджын, уӕд Балтасар, йӕ фыд Навуходоносор Йерусалимы Кувӕндонӕй кӕй ӕрбаласта, уыцы сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист кӕхцытӕ ӕрбахӕссын кодта. Паддзах, йе ’лдӕрттӕ, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ номылустытӕ Хуыцауы хӕдзары сыгъзӕрин кӕхцытӕй сӕн нуӕзтой ӕмӕ кад кодтой сыгъзӕрин, ӕвзист, ӕрхуы, ӕфсӕн, хъӕдын ӕмӕ дурӕй конд хуыцӕуттӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ