Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 6:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Уымӕн ӕмӕ уӕдмӕ сауджынтӕ сӕхи ссыгъдӕг кодтой, левиттӕ дӕр иууылдӕр иу адӕймаджы хуызӕн сыгъдӕг уыдысты ӕмӕ Куадзӕны нӕл уӕрыччытӕ аргӕвстой, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр, сауджынтӕн, се ’фсымӕртӕн ӕмӕ сӕхицӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 6:20
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сауджынты нымӕц ӕгӕр гыццыл уыди, цӕмӕй иууылсудзинаг нывӕндты цӕрмттӕ иууылдӕр бастигъой, ӕмӕ сын левиттӕ ӕххуыс кодтой, цалынмӕ куыст кӕронмӕ нӕ фӕци ӕмӕ иннӕ сауджынтӕ дӕр сӕхи не ссыгъдӕг кодтой, уӕдмӕ. Уымӕн ӕмӕ левиттӕ, сауджынтӕй уӕлдай, фылдӕр бацархайдтой сӕхи ссыгъдӕг кӕныныл.


Левиттӕ Куадзӕны уӕрыччыты аргӕвстой ӕмӕ сын бастыгътой сӕ цӕрмттӕ, сауджынтӕ та левитты къухӕй райстой сӕ тугӕй ӕмӕ дзы бапырх кодтой нывондхӕссӕныл.


Уый фӕстӕ левиттӕ Куадзӕны минас сцӕттӕ кодтой сӕхицӕн ӕмӕ сауджынтӕн, уымӕн ӕмӕ сауджынтӕ, Аароны байзӕддӕгтӕ, ӕнафонмӕ фӕхастой иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фӕсыгътой нывондӕгты фиу. Сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сауджынтӕн дӕр, Аароны байзӕддӕгтӕн, алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтой левиттӕ.


Зарӕггӕнджытӕ, Асафы байзӕддӕгтӕ, лӕууыдысты сӕ бынӕтты, сӕ заманы Давид, Асаф, Хеман ӕмӕ паддзахы зонынджын Йедутун куыд бауынаффӕ кодтой, афтӕ. Дуаргӕстӕ дӕр алы кулдуары раз лӕууыдысты, йӕ куыст ныууадзын дзы никӕй бахъуыди, уымӕн ӕмӕ сын се ’рвадӕлтӕ, левиттӕ, алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтой.


Моисей басидт Израилы адӕмы хистӕртӕм ӕмӕ сын загъта: «Алы бинонтӕ дӕр сӕ лыстӕг фосӕй равзарӕнт фыркъа кӕнӕ цӕукъа ӕмӕ акӕнут Куадзӕны кусӕрттӕ.


Уый иннӕ алчерты хуызӕн нӕу: ӕрвылбон Ӕй раздӕр Йӕхи тӕригъӕдты, уый фӕстӕ та адӕмы тӕригъӕдты тыххӕй нывӕндтӕ хӕссыны сӕр нӕ хъӕуы. Йесо уый бакодта иу хатт ӕмӕ мыггагмӕ, Йӕхи нывондӕн куы ӕрхаста, уӕд.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ