Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 6:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Израилӕгтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕмӕ, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон иууылдӕр райгӕ скуывтой Хуыцауы хӕдзарӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 6:16
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Паддзах Соломон ӕмӕ Израилы адӕм сарӕзтой Дунедарӕджы Кувӕндон срухс скӕныны стыр бӕрӕгбон ӕмӕ ӕрхастой нывӕндтӕ. Фидыды нывӕндты номыл стурвосӕй акусарт кодтой дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мин сӕры, лыстӕг фосӕй та — ӕхсӕзыссӕдз мин сӕры.


Афтӕ, цины хъӕртӕ, сыкъауадындзтӕ, хӕтӕлтӕ, дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ хъисфӕндырты цагъд ӕмӕ ӕмдзӕгъдгӕнӕнты къӕрцц-къӕрццимӕ, ӕрбахастой Дунедарӕджы Фидыды Чырын ӕгас Израил.


Уый фӕстӕ сӕ уӕзӕгмӕ, сӕ сахартӕм, фыццаг чи ӕрыздӕхт, уыдон уыдысты сауджынтӕ, левиттӕ, Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ иннӕ израилӕгтӕ.


Паддзах Езекиа ӕмӕ йӕ барджынтӕ левиттӕн загътой, цӕмӕй Дунедарӕджы стауой Давид ӕмӕ зонынджын Асафы ныхӕстӕй. Ӕмӕ уыдон дӕр хъӕлдзӕгӕй ныззарыдысты Дунедарӕджы кадӕн, бакуывтой Йын ӕмӕ зӕххыл ныддӕлгом сты.


Адӕмы ма бафӕндыди бӕрӕгбоныл иу къуыри бафтауын, ӕмӕ та уыцы къуыри дӕр хъӕлдзӕгӕй арвыстой.


Израилы паддзах Давиды фырты, Соломоны, заманӕй Йерусалимы ахӕм хъӕлдзӕг бӕрӕгбон никуыуал уыди.


Паддзах Соломон стурвосӕй нывондӕн ӕрхаста дыууӕ ӕмӕ ссӕдз мин сӕры, лыстӕг фосӕй та — ӕхсӕзыссӕдз мин сӕры. Афтӕмӕй паддзах ӕмӕ адӕм иууылдӕр Хуыцауы хӕдзар срухс скодтой.


Иудӕ ӕмӕ Бениамины знӕгтӕн сӕ хъустыл ӕрцыд, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы хӕдзар аразынц, зӕгъгӕ.


Авд боны цин кодтой Донгонд дзулты бӕрӕгбоныл. Уымӕн ӕмӕ сын Дунедарӕг арфӕ ракодта, Ассирийы паддзахы зӕрдӕ сӕм раздӕхта, ӕмӕ сын уый йе ’ххуысы руаджы Израилы Хуыцауы хӕдзар аразынмӕ сӕ къухтӕ сфидар кодта.


Йерусалимы сис срухс кӕныны рӕстӕг левиттӕм фӕсидтысты ӕмӕ сӕ Йерусалиммӕ ’рбацӕуын кодтой сӕ цӕрӕн бынӕттӕй, цӕмӕй, Дунедарӕгӕн кад кӕнгӕйӕ, скувой ӕмӕ хъӕлдзӕг бӕрӕгбон скӕной зард ӕмӕ далатӕ, дыууадӕстӕнонты, хъисфӕндырты цагъдимӕ.


Уыцы бон бирӕ нывӕндтӕ ӕрхастой ӕмӕ хъӕлдзӕг уыдысты, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау стыр цин ӕрхаста. Сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сабитӕ дӕр хъӕлдзӕг уыдысты. Йерусалимы цины хъӕртӕ дардмӕ хъуыстысты.


Сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ зарӕггӕнджытӕ, адӕм ӕмӕ Кувӕндоны кусджытӕ, израилӕгтӕ иууылдӕр ӕрбынӕттон сты сӕ сахарты».


Ноджы ма сын загъта: «Цӕут ӕмӕ сойагӕй дӕр ӕмӕ адджинагӕй дӕр уӕхи хорз фенут. Цӕттӕ кӕмӕ ницы ис, уыдонӕн та хӕйттӕ арвитут: абон нӕ Дунедарӕджы бӕрӕгбон у, ӕмӕ ӕнкъард кӕнын нӕ хъӕуы — Дунедарӕгыл куы цин кӕнат, уӕд уӕ хъаруйыл бафтдзӕни».


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. Ме скаст Дӕумӕ у, уӕлӕрвты Цӕрӕг!


Даниил паддзахы раз куы ӕрлӕууыди, уӕд ын Балтасар загъта: «Ды Даниил дӕ, мӕ паддзах фыд Иудейӕ кӕй ӕрбакодта, уыцы хаст адӕмӕй иу?


Йерусалимы ралӕууыди Кувӕндон Ссыгъдӕг кӕныны бӕрӕгбон. Уыди зымӕг.


Минас кӕнут уым Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы раз, ӕмӕ цин кӕнут уӕ бинонтимӕ, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, сымахӕн цы къухты фӕллой ратта, ууыл.


Иудадзыг цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ сымах Бардарӕг Йесоимӕ иу стут; ӕмӕ ма уын ноджыдӕр зӕгъын — цин кӕнут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ