Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 6:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ацы бардзырды ныхмӕ цы паддзах кӕнӕ адӕм рацӕуой ӕмӕ Йерусалимы Хуыцауы хӕдзарӕн зиан ракӕнынмӕ йӕ къух кӕмӕн батаса, уыдоны баййафӕд, уыцы хӕдзар Кӕй номыл у, уыцы Хуыцауы фыдӕх. Ӕз, Дарий, дӕттын ацы бардзырд, ӕмӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг ӕххӕстгонд ӕрцӕуа».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 6:12
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ йын загъта: «Фехъуыстон дын дӕ куывд ӕмӕ дӕ лӕгъстӕ, цыдӕриддӕр Мӕ куырдтай, уый ӕмӕ, цы Кувӕндон сарӕзтай, уый срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзух уыдзысты уырдӕм арӕзт.


Ӕз ацы Кувӕндон Мӕхицӕн равзӕрстон ӕмӕ йӕ срухс кодтон. Мыггагмӕ дзы цӕрдзӕни Мӕ ном, Мӕ цӕстытӕ ӕмӕ Мӕ зӕрдӕ ӕдзухдӕр уыдзысты уым.


Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ бӕстыхицау Таттенай ӕмӕ Шетар-Бознай се ’мбӕлттимӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ паддзах Дарийы бардзырд сӕххӕст кодтой.


Иудейаг хистӕртӕ архайдтой, Аггей ӕмӕ Захариа, Иддойы фырт, пехуымпариуӕг куы кодтой, уыцы заман, ӕмӕ сын бирӕ ӕнтысти. Хӕдзар кӕронмӕ сарӕзтой Израилы Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ, стӕй Персы паддзӕхтӕ Кир, Дарий ӕмӕ Артаксерксы бардзырдмӕ гӕсгӕ.


Йӕ цӕрӕнуат Йерусалимы кӕмӕн ис, Израилы уыцы Хуыцауӕн паддзах ӕмӕ йӕ уынаффӕгӕнджытӕ цы ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрин мысайнӕгтӕ ӕрӕвӕрдтой,


Уымӕ гӕсгӕ уыцы ӕхцатӕй ӕвӕстиатӕй балхӕн галтӕ, фыстӕ, уӕрыччытӕ, стӕй, хойрагӕй ӕмӕ нуазинагӕй семӕ кувинагӕн цы ’мбӕлы, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕмӕ сӕ фӕхӕццӕ кӕн Йерусалиммӕ, уӕ Хуыцауы хӕдзары нывондхӕссӕнмӕ.


Дӕ Хуыцауы Ӕгъдау ӕмӕ паддзахы закъон чи не ’ххӕст кӕна, уыдонӕн ӕвӕстиатӕй хӕссут марыны, фӕтӕрыны, ӕхцайы фиддоны кӕнӕ ахӕстоны бакӕныны тӕрхон».


Паддзахы фӕндонмӕ гӕсгӕ фидиуджытӕ паддзахы дугъон бӕхтыл ӕвӕстиатӕй фӕцагайдтой. Уынаффӕ хъуыстгонд ӕрцыди Шушаны дӕр.


Сӕ иу ныхасыл дӕр ӕууӕнк нӕй, сӕ зӕрдӕ у фыдбылызмӕ арӕзт, сӕ дзых — гом ингӕн, се ’взаг — мӕнгард.


Сыджытӕй Мын сараз нывондхӕссӕн ӕмӕ йыл уӕ лыстӕг фосӕй ӕмӕ уе стурвосӕй хӕсс иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ фидыды нывӕндтӕ. Дӕ зӕрдыл дын Мӕхи кӕмдӕриддӕр ӕрлӕууын кӕнон, уырдӕм-иу дӕм ӕрцӕудзынӕн ӕмӕ дын раарфӕ кӕндзынӕн.


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Дӕуӕн лӕггад кӕнын цы адӕмты ӕмӕ цы паддзахӕдты нӕ бафӕнда, уыдон быныскъуыд фӕуыдзысты.


Де ’фсымӕр Йаковы кӕй ӕфхӕрдтай, уый тыххӕй фӕхудинаг уыдзынӕ, сыскъуыйдзынӕ мыггагмӕ.


Савл бафарста: «Чи дӕ, Бардарӕг?» Дзуапп ын рардӕуыд: «Ды Кӕй ӕфхӕрыс, Ӕз уыцы Йесо дӕн. [Зын дын у цыргъ михы ныхмӕ бырсын».


уӕд-иу, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхӕдӕг кӕй равзара ӕмӕ Йӕ номы аккаг кӕй скӕна, уыцы бынатмӕ сӕмбӕлын кӕнут, цы уын фӕдзӕхсын, уыдон иууылдӕр: уӕ иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ уӕ иннӕ кусӕрттӕгтӕ, уӕ исбонӕй алцӕмӕн дӕр йӕ дӕсӕймаг хай ӕмӕ уӕ къухвӕллойы ӕппӕт хуынтӕ, Дунедарӕгӕн ӕй ратдзынӕн, зӕгъгӕ, цӕмӕйдӕриддӕр загътат, уыдон.


Уӕ мыггӕгтӕй иуы зӕххыл Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕхицӕн бынат равзардзӕн. Уыцы бынат уыдзӕни Йӕ номыл, ӕмӕ-иу уырдӕм цӕут.


Куадзӕны-иу Дунедарӕгӕн, дӕ Хуыцауӕн, стурвос кӕнӕ фысвосӕй нывонд ӕрхӕсс, Дунедарӕг Йӕ номыл цы бынат равзара, уым.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ