Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 6:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Ӕз уын зӕгъын: мӕ бардзырды ныхмӕ чидӕриддӕр рацӕуа, уымӕн йӕ хӕдзарӕй хъайван рафтаудзысты, зӕххы йӕ ныссадздзысты ӕмӕ йӕ уыцы хъайваныл зӕгӕлтӕй ныххойдзысты. Йӕ хӕдзарӕй та йын бырондон скӕндзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 6:11
7 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Баалы гуымиры ныппырх кодтой, йӕ кувӕндон ын фехӕлдтой ӕмӕ дзы уазӕгдон сарӕзтой. Ныронг дӕр афтӕмӕй баззади.


Хуымы фаджысау суыдзӕн йӕ мард Изреелы быдыры, ӕмӕ ничиуал зӕгъдзӕн, уый Иезавел у, зӕгъгӕ».


Дӕ Хуыцауы Ӕгъдау ӕмӕ паддзахы закъон чи не ’ххӕст кӕна, уыдонӕн ӕвӕстиатӕй хӕссут марыны, фӕтӕрыны, ӕхцайы фиддоны кӕнӕ ахӕстоны бакӕныны тӕрхон».


Естер загъта: «Кӕд паддзахӕн фӕндон у, уӕд ӕй абон мӕ фынгмӕ хонын ӕмӕ мӕм Аманимӕ саккаг кӕнӕд».


Ӕмӕ ӕрцауыгътой Аманы, Мардохейӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта, уыцы цӕджындзыл. Ӕмӕ паддзахы маст ӕрсабыр ис.


Паддзах халдейӕгтӕн загъта: «Мӕ ныхасӕн ивӕн нӕй! Мӕ фын цы амоны, уый мын куынӕ зӕгъат, уӕд уӕ уӕнггай скӕндзысты, уӕ хӕдзӕрттӕ та уын хӕлддзӕгты кӕритӕ фестын кӕндзысты!


Уӕдӕ ныр ӕз ӕппӕт адӕмтӕ, алы ’взӕгтыл дзурджытӕ ӕмӕ адӕмыхӕттытӕн фӕдзӕхсын: Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойы Хуыцауы ныхмӕ чи сдзура, уый уӕнггай скӕнын кӕндзынӕн, йӕ хӕдзар та дӕрӕнгонд ӕрцӕудзӕн. Уымӕн ӕмӕ ацы Хуыцауы хуызӕн иу хуыцау дӕр никӕй фервӕзын кӕндзӕн!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ