Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 5:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Паддзахӕн хъусын кӕнӕм, мах кӕй фӕцыдыстӕм Иудейы бӕстӕм ӕмӕ Стыр Хуыцауы хӕдзар кӕй бабӕрӕг кодтам. Егъау дуртӕй йӕ кӕнынц, дурӕй амайынц къултӕ, хъӕдӕрмӕгӕй дӕр пайда кӕнынц, афтӕмӕй. Куыст хӕлофӕй цӕуы размӕ, аразджытӕн дзӕвгар ӕнтысы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 5:8
20 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мӕнӕ адон сты, Вавилоны паддзах Навуходоносор йемӕ уацары кӕй акодта ӕмӕ фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕмӕ Иудеймӕ — алчи йӕхи сахармӕ — чи ӕрыздӕхти, нӕ уыцы ӕмбӕстӕгтӕ.


Цы фыстӕг арвыстой, уым дзырдӕуыди: «Паддзах Дарий алцыппӕтӕй дӕр рӕстмӕ уӕд!


Мах аразджыты бафарстам, чи уын радта ацы агъуыст ногӕй рацаразыны ӕмӕ ацы къултӕ самайыны бар, зӕгъгӕ,


Уыдон та Уӕларвон Хуыцауӕн ӕхцон нывонд хӕссӕнт ӕмӕ паддзах ӕмӕ йӕ фыртты цӕрӕнбон ӕмӕ хорздзинадӕн кувӕнт.


Стыр дуртӕй ӕртӕ рӕнхъы рацамайӕнт, хъӕдӕй — иу рӕнхъ; аразынӕн цы бахъӕуа, уый — паддзахы къазнайы хардзӕй.


Уӕларвон Хуыцауы фӕндон хъуамӕ биноныгӕй ӕххӕстгонд цӕуа Йӕ хӕдзарӕн, цӕмӕй паддзахад, паддзах ӕмӕ йӕ фырттӕ Хуыцауы фыдӕхӕй хызт уой.


Йерусалимы ӕрцардысты бӕстӕйы хицӕуттӕ, Иудейы сахарты та: израилӕгтӕ, сауджынтӕ, левиттӕ, Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ Соломоны цагъарты байзӕддӕгтӕ, алчи — йӕхи зӕххы хайыл.


«Вавилоны паддзах Навуходоносор уацары кӕй акодта, уыцы израилӕгтӕй фӕстӕмӕ Йерусалиммӕ ӕмӕ Иудеймӕ, алчидӕр йӕхи сахармӕ,


Ксерксы заманы уыди уый, йӕ паддзахад — сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы — Индийӕ Эфиопимӕ кӕмӕн ӕххӕссыд, уыцы Ксерксы.


Йӕ паддзахады алы кӕрӕттӕм фыстӕджытӕ фервыста, алы ранмӕ дӕр бынӕттон ӕвзагыл, алы адӕммӕ дӕр — сӕхирдыгонау. «Алы нӕлгоймаг дӕр йӕ хӕдзары хицау уӕд», — азӕлыди алы ӕвзагыл дӕр.


Уӕ зӕрдӕ ма дарут нӕдӕр хицӕуттыл, нӕдӕр адӕймагыл — уый уын ирвӕзындзинад не ’рхӕсдзӕн.


Паддзах загъта Даниилӕн: «Уӕ Хуыцау ӕцӕг у хуыцӕутты Хуыцау, паддзӕхты Паддзах ӕмӕ сусӕгтӕ Ӕргомгӕнӕг, уый тыххӕй ӕмӕ ды ацы сусӕгдзинад раргом кодтай».


Пецы пиллон арт сыгъди, фӕлӕ йын Навуходоносор йӕ дуармӕ хӕстӕг бацыди ӕмӕ мидӕмӕ бахъӕр кодта: «Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него, Стыр Хуыцауы цагъартӕ! Рахизут уырдыгӕй!» Уӕд Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него артӕй рахызтысты.


Иу хатт фын федтон ӕмӕ фӕтарстӕн. Мӕ хуыссӕнуаты цы цӕстылуайӕнтӕ федтон, уыдон мыл стыр тас бафтыдтой.


Мӕ паддзахады цӕрджытӕ! Тӕрсут ӕмӕ ӕмризӕджы ризут Даниилы Хуыцауы раз! Уый у цардӕгас ӕмӕ ӕнусон Хуыцау! Йӕ паддзахадӕн фесӕфӕн нӕй, ӕмӕ Йӕ хицаудзинадӕн кӕрон никуы ӕрцӕудзӕн!


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, хуыцӕутты Хуыцау у, хицӕутты Хицау; хъулон ми Чи нӕ зоны ӕмӕ гӕртам Чи нӕ исы, уыцы хъомысджын ӕмӕ тасӕфтауӕг стыр Хуыцау.


Сӕ хъахъхъӕнӕг нӕ Хъахъхъӕнӕджы хуызӕн кӕй нӕу, уымӕн не знӕгтӕ сӕхӕдӕг сты ӕвдисӕн!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ