Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 5:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Иуахӕмы нӕ фыдӕлтӕ уӕларвон Хуыцауы сӕхимӕ смӕсты кодтой, ӕмӕ сӕ Уый Вавилоны паддзах, халдейаг Навуходоносоры къухтӕм радта. Уыйадыл Навуходоносор Хуыцауы хӕдзар фехӕлдта, адӕмы та Вавилонмӕ атардта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 5:12
28 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Фӕлӕ йын Дунедарӕг йӕ ныхмӕ самидин кодта халдейӕгты, сириӕгты, моавӕгты ӕмӕ аммонӕгты ӕрдонгтӕ. Ӕмӕ уыдон Иудеймӕ ӕрбабырстой, ныггӕныстон ӕй кӕнынмӕ, Дунедарӕг Йӕ пехуымпарты уылты куыд дзырдта, афтӕ.


Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн йӕ паддзахиуӕгыл фарӕстӕм аз куы цыд, уӕд, дӕсӕм мӕйы дӕсӕм бон, ӕд ӕфсад ӕрбабырста Йерусалиммӕ, ӕрхъула йыл кодта ӕмӕ йын йӕ алыварс самадта сыджытбыру.


Кардӕй чи аирвӕзт, уыдоны та Навуходоносор уацары атардта Вавилонмӕ, ӕмӕ йын уым цагъартӕ уыдысты йӕхицӕн дӕр ӕмӕ йӕ байзӕддӕгтӕн дӕр, цалынмӕ Персы паддзахад йӕ тыхы нӕ бацыди, уӕдмӕ.


уӕд сын Хуыцау сӕгад кӕны сӕ фӕтӕгты, ӕдзӕрӕг ранмӕ сӕ акӕны, ӕмӕ уым фӕдзӕгъӕл вӕййынц.


Ӕз смӕсты дӕн Мӕ адӕммӕ, уыдоны, Мӕ исбон, фидиссаг фӕкодтон ӕмӕ дын сӕ афтӕмӕй радтон дӕ къухмӕ. Ды сыл ницӕмӕй бацауӕрстай — зӕрӕдтыл дӕр ма дӕ уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдтай.


Ау, ахӕм адӕмӕй Ӕз Мӕ маст нӕ райсдзынӕн? — зӕгъы Дунедарӕг.


Иудейы паддзах Цедекиа цыппӕрӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд ӕм сӕйраг лӕггадгӕнӕгӕй куыста Махсейы фырты фырт, Нериайы фырт Серай. Пехуымпар Йеремиа, Вавилоныл цы бӕллӕхтӕ хъуамӕ ӕрцыдаид — Вавилоны бӕстӕйы тыххӕй уӕлдӕр цы загъдӕуыд, уыдон иууылдӕр хицӕн чиныджы ныффыста ӕмӕ Серайӕн бафӕдзӕхста: «Хъусыс, Вавилонмӕ куы бацӕуай, уӕд-иу ацы ныхӕстӕ иууылдӕр бакӕс.


Вавилоны паддзах Навуходоносор нудӕсӕм аз хицауиуӕг куы кодта, уӕд фӕндзӕм мӕйы дӕсӕм бон хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан, вавилойнаг паддзахы фӕсдзӕуинтӕй иу, ӕрбацыди Йерусалиммӕ.


Мах фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын стӕм Дӕ разы: знӕт ӕмӕ хивӕнд уыдыстӕм, Дӕ фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Дын Дӕ уагӕвӕрдтӕ не ’ххӕст кодтам.


Уыйадыл сӕм Мӕ маст ссудздзӕни, сӕхи бар сӕ ныууадздзынӕн, Мӕхи сӕм нал равдисдзынӕн, ӕмӕ сыл дудгӕбон куы акӕна, бӕллӕхтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бын куы фӕуой, уӕд дзурдзысты: „Кӕд, нӕ Хуыцау нӕ кӕй ныууагъта, уымӕн ныл ӕрцыдысты ацы фыдбылызтӕ?!“


Сӕ Хъахъхъӕнӕджы куынӕ бафӕндыдаид, Дунедарӕг сӕ куынӕ раттаид, уӕд ма искуыдӕр афтӕ уыдис, ӕмӕ иу адӕймаг мины йӕ разӕй айса, дыууӕйӕ та дӕс мины лидзӕг фӕкӕной?“


Дунедарӕг сыл абырджыты сагъуыйын кодта, ӕмӕ сӕ стыгътой. Сӕ алыварс цӕрӕг знӕгты къухтӕм сӕ радта, ӕмӕ израилӕгтӕн сӕ ныхмӕ хӕцын сӕ бон нал уыди.


ӕмӕ сӕ Дунедарӕг ханаанаг паддзах Йавины къухмӕ радта, уый хицауиуӕг кодта Хацоры сахары. Йавинӕн йе ’фсады хицау хуынди Сисера, царди Харошет-Гоимы.


Израилӕгтӕ та раздӕрау Дунедарӕджы сӕ митӕй мӕсты кӕнын райдыдтой, ӕмӕ сӕ Дунедарӕг авд азы дӕргъы мидианӕгты дӕлбар бакодта.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ