Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 5:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Аразджытӕ нын дзуапп радтой, мах, дам, стӕм уӕларв ӕмӕ зӕххы Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ аразӕм, бирӕ азты размӕ Израилы стыр паддзах кӕй арӕзта ӕмӕ арӕзт кӕй фӕци, уыцы хӕдзар.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 5:11
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ мын Дунедарӕгӕй, арв ӕмӕ зӕххы Хуыцауӕй, ард бахӕр, мӕ фыртӕн мын, кӕй ӕхсӕн цӕрын, уыцы ханаанӕгты чызджытӕй кӕй никӕй ракурдзынӕ,


арӕзт та йӕ фӕци иуӕндӕсӕм азы ӕстӕм мӕйы, булы мӕйы. Кувӕндон арӕзт фӕци йе ’ппӕт агъуыстытимӕ, куыд хъуыди, афтӕ. Соломон ӕй фӕцарӕзта ӕнӕхъӕн авд азы.


Соломон Дунедарӕджы Кувӕндон ӕмӕ паддзахы галуан саразыныл бахардз кодта ссӕдз азы.


сӕ нӕмттӕй дӕр сӕ бафарстам, цӕмӕй сӕ дӕуӕн фехъусын кӕнӕм ӕмӕ дӕм сӕ хистӕрты нӕмттӕ ныффыссӕм.


Пецы пиллон арт сыгъди, фӕлӕ йын Навуходоносор йӕ дуармӕ хӕстӕг бацыди ӕмӕ мидӕмӕ бахъӕр кодта: «Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него, Стыр Хуыцауы цагъартӕ! Рахизут уырдыгӕй!» Уӕд Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Него артӕй рахызтысты.


Ӕмӕ сын уый загъта: «Ӕз дзуттаг дӕн, ӕмӕ кад кӕнын Дунедарӕгӕн, уӕларвы Хуыцауӕн, денджыз ӕмӕ сурзӕхх Сфӕлдисӕгӕн».


Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый адӕмӕн ӕргом чи дзура, уый Ӕз дӕр мӕхионыл банымайдзынӕн Мӕ Уӕларвон Фыды раз.


Зӕгъын уын: Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый адӕмы раз ӕргомӕй чи дзура, уый Адӕймаджы Фырт дӕр йӕхионыл банымайдзӕни Хуыцауы зӕдты раз.


Ӕз Кӕй дӕн ӕмӕ Кӕмӕн лӕггад кӕнын, Уыцы Хуыцауы зӕд мӕм фӕзынди дысон


Фарны Уацы тыххӕй ӕз къӕмдзӕстыг нӕ дӕн. Уымӕн ӕмӕ уый алы уырнӕгӕн дӕр, фыццаджыдӕр уал иудейагӕн, уый фӕстӕ та муртаттагӕн, ирвӕзын ӕй чи кӕны, Хуыцауы уыцы тых у.


Цагъарау кӕй коммӕ бакастыстут, уымӕн йӕ цагъартӕ кӕй стут, уый нӕ зонут, ӕви? Тӕригъӕдӕн куы уат цагъартӕ, уӕд амӕлдзыстут, Хуыцауы коммӕ куы кӕсат, уӕд та уын ӕнӕ сраст уӕвгӕ нӕй.


Мӕн та мӕхицӕй раппӕлынӕй Хуыцау бахизӕд — раппӕлдзынӕн, нӕ Бардарӕг Йесо Чырыстийы дзуары тыххӕй кӕй хъусын кӕнын, ӕрмӕст уымӕй. Уыцы дзуары фӕрцы мӕнӕн байтыгъдӕуыд дуне, мӕн та — дунейӕн.


Кӕд ӕмӕ уӕ нӕ фӕнды Дунедарӕгӕн лӕггад кӕнын, уӕд та абон уӕхицӕн равзарут, кӕмӕн лӕггадгӕнинаг стут, уыдоны. Уӕ фыдӕлтӕ доны фале кӕмӕн лӕггад кодтой, уыцы аморӕгты хуыцӕуттӕн уӕ ӕрфӕндыди лӕггад кӕнын? Уӕ бар — уӕхи. Ӕз ӕмӕ мӕ хӕдзар лӕггад кӕндзыстӕм ӕрмӕстдӕр Дунедарӕгӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ