Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 4:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Афтӕ Йерусалимы Хуыцауы хӕдзар аразыны куыст ӕрлӕууыд ӕмӕ Персы паддзах Дарийы паддзахиуӕджы дыккӕгӕм азмӕ размӕ нал ацыди.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 4:24
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йерусалиммӕ куы ӕрбацыдысты, Хуыцауы хӕдзармӕ, уымӕй афӕдз рауади. Дыккаг азы дыккаг мӕйы Шеалтиелы фырт Зоровавел, Иоцадакы фырт Йешуа ӕмӕ сӕ иннӕ ӕрвадӕлтӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕ ӕмӕ ма уыдонӕй фӕстӕмӕ, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон иууылдӕр Дунедарӕджы хӕдзар аразынмӕ бавнӕлдтой. Ссӕдз азӕй уӕлӕмӕ кӕуыл цӕуы, ахӕм левитты та куыстытӕм хъусдарджытӕй сӕвӕрдтой.


Паддзах Артаксерксы фыстӕг Рехум ӕмӕ Шимшайыл се ’мбӕлттимӕ куыддӕр сӕмбӕлди, афтӕ уыдон иудейӕгтӕм гӕрзифтонгӕй атындзыдтой Йерусалиммӕ ӕмӕ сын сӕ куыст баурӕдтой.


Цӕмӕй хъуыддагӕй мацы рауайа, уый тыххӕй уынаффӕгӕнджытӕн гӕртӕмттӕ лӕвӕрдтой. Афтӕ кодтой, Кир Персы паддзах куы уыди, уӕд. Афтӕ кодтой Дарийы паддзахиуӕджы райдайӕны онг.


Фӕлӕ пехуымпартӕ Аггей ӕмӕ Захариа, Иддойы фырт, Израилы Хуыцауы тыххӕй пехуымпар ныхас кодтой Иудейы ӕмӕ Йерусалимы цӕрӕг иудейӕгтӕн.


Фӕлӕ иудейаг хистӕртӕн сӕ Хуыцау ӕххуыс кодта, ӕмӕ сӕ нӕ бахъыгдӕрдтой. Хъуыддагмӕ ӕркӕсыны тыххӕй уал Даримӕ ныффыстой ӕмӕ дзуапмӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты.


Уыйадыл, Дарийы бардзырдмӕ гӕсгӕ, сӕ хӕзнатӕ кӕм ӕфснайдтой, уым, Вавилоны, чингуыты ӕвӕрӕндоны, агурынтӕ райдыдтой.


Иудейаг хистӕртӕ архайдтой, Аггей ӕмӕ Захариа, Иддойы фырт, пехуымпариуӕг куы кодтой, уыцы заман, ӕмӕ сын бирӕ ӕнтысти. Хӕдзар кӕронмӕ сарӕзтой Израилы Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ, стӕй Персы паддзӕхтӕ Кир, Дарий ӕмӕ Артаксерксы бардзырдмӕ гӕсгӕ.


Хӕдзар арӕзт фӕцис адары мӕйы ӕртыккаг бон. Уый уыди, Дарий паддзах куы сси, уымӕн йӕ ӕхсӕзӕм аз.


Фӕлӕ сӕм ӕз арвыстон, стыр хъуыддаджы лӕуд дӕн ӕмӕ мӕ цӕуынмӕ нӕ равдӕлдзӕн, зӕгъгӕ. Куы йӕ, зӕгъын, ныууадзон ӕмӕ сымахмӕ куы ацӕуон, уӕд бакъуылымпы уыдзӕни.


Иууылдӕр нӕ тӕрсын кодтой, цӕмӕй нӕ ныфс асӕтта ӕмӕ хъуыддагӕй мацы рауайа. Фӕлӕ ӕз Хуыцаумӕ куывтон, цӕмӕй мын мӕ къух ноджы фидардӕр кӕна.


ӕнаккаджы цин бирӕ кӕй нӕ хӕссы, ӕнӕхуыцауы ферад рӕстӕгмӕ кӕй у, уый?


Ныр дын ӕз базонын кӕндзынӕн, ӕнӕмӕнг цы ’рцӕудзӕни, уыдӕттӕ. Персы ма ноджы ӕртӕ паддзахы фӕзындзӕн, сӕ фӕстӕ та — цыппӕрӕм паддзах. Уый, йӕ размӕ цы паддзӕхтӕ уыди, уыдонӕй хъӕздыгдӕр уыдзӕн. Йӕ хъӕздыгдзинады фӕрцы схъомысджын уыдзӕн ӕмӕ йе ’ппӕт тыхтӕ Бердзены паддзахады ныхмӕ сараздзӕн.


Байхъус ӕмӕ бамбар: Йерусалимы сахар ногӕй саразыны бардзырд куы рацӕуа, уыцы заманӕй Байсӕрст Фӕтӕджы онг рацӕудзӕни авд хатты ӕвдгай азтӕ ӕмӕ авд хатты дӕс ӕмӕ ӕртиссӕдз азы. Уый фӕстӕ сахары уынгтӕ арӕзт ӕрцӕудзысты, фӕлӕ рӕстӕг уыдзӕни тынг уӕззау.


Паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уӕд ӕхсӕзӕм мӕйы фыццаг бон пехуымпар Аггей Шеалтиелы фырт Зоровавелӕн, Иудейы бӕстыхицауӕн, стӕй алчер Йешуайӕн, Иоцадакы фыртӕн, Дунедарӕджы фӕндон фехъусын кодта.


Уый уыди, паддзах Дарийы хицаудзинадыл дыккаг аз куы цыди, уыцы заман, ӕхсӕзӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бон.


Кӕсут-иу, амӕй фӕстӕмӕ цы уыдзӕни, уымӕ. Дунедарӕджы Кувӕндоны дур дурыл ӕвӕрд куы нӕма ’рцыди,


Ӕрымысут-ма ӕрӕджыйы заман — фарӕстӕм мӕйы дыууын цыппӕрӕм бонӕй абоны онг, Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ бындур ӕвӕрд куы ’рцыд, уӕдӕй нырмӕ цы рӕстӕг рацыди, уый. Ӕркӕсут лӕмбынӕг!


Дарий дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд ӕстӕм мӕйы Дунедарӕг Варахийы фырт, Иддойы фырты фырт Захариайӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас:


Ӕз, Павел, иу ӕмӕ дыууӕ хатты нӕ хъавыдтӕн сымахмӕ ӕрцӕуынмӕ, фӕлӕ нын сайтан ӕвӕрдта цӕлхдуртӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ