Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 4:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Йерусалимы уыдис, доны фале ӕгасӕй дӕр кӕй къухы уыди, хъалонтӕ, фиддонтӕ ӕмӕ илци фыст кӕмӕн цыдис, ахӕм домбай паддзӕхтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 4:20
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уыцы бон Дунедарӕг Аврамимӕ сарӕзта фидыд. Загъта: «Ӕз ацы зӕхх дӕттын дӕ байзӕддӕгтӕн, Мысыры цӕугӕдонӕй Евфраты стыр доны онг.


Евфраты донӕй филистимӕгты зӕхх ӕмӕ Мысыры арӕны онг паддзахӕдтӕ иууылдӕр уыдысты Соломоны дӕлбар. Фыстой йын хъалон, лӕггад ын кодтой цард-цӕрӕнбонты.


Йӕ паддзахад йӕхи айтыгъта Евфраты ныгуылӕнварс сахар Тифсахӕй суанг Газӕйы онг. Уыцы зылды ӕппӕт паддзӕхтӕн уыди сӕ паддзах ӕмӕ семӕ царди фидыдӕй.


Тиры паддзах Хирам цӕрӕнбонты лымӕнӕй фӕцарди Давидимӕ. Ӕмӕ Соломон йӕ фыды фӕстӕ паддзах сси, уый куы фехъуыста, уӕд ӕм ӕрбарвыста йӕ минӕвӕрттӕ.


Ныр мӕнӕн та Дунедарӕг радта ӕнцой, фыдгул мын нал ис ӕмӕ сӕдас дӕн алырдыгӕй дӕр.


Давид Едомы йӕ барджынты ӕрӕвӕрдта, ӕмӕ Едомы адӕм иууылдӕр йӕ дӕлбар баисты. Кӕмфӕнды хӕцыдаид Давид — алы ран дӕр ын Дунедарӕг уӕлахиз лӕвӕрдта.


Давид басаста Адад-Езеры дӕр, Цовайы паддзахы (йӕ паддзахад ӕххӕссыд Хаматы арӕнты онг), уый Евфраты доны был цы зӕххытӕ ис, уыдонмӕ йӕ бархъомыс ӕрӕвӕрынмӕ куы бабырста, уӕд.


Уӕд йе ’фсад ӕрӕвӕрдта дамаскаг арамейӕгты зӕххыл, арамейӕгтӕ басастысты ӕмӕ йын хъалон фидын райдыдтой. Дунедарӕг аудыдта Давидыл, ӕмӕ уый кӕмфӕнды дӕр уӕлахиз кодта.


Адад-Езеры дӕлбартӕ куы бамбӕрстой, израилӕгтӕ сӕ басастой, уый, уӕд Давидимӕ бафидыдтой ӕмӕ систы йӕ дӕлбар. Арамейӕгтӕ нал тырныдтой аммонӕгтӕн ӕххуыс кӕнынмӕ.


Филистимӕгтӕй чидӕртӕ Иосафатӕн хастой лӕвӕрттӕ, хъалоны охыл — ӕвзист. Араббӕгтӕ йын ӕрбатардтой лыстӕг фосы дзугтӕ: авд мин ӕмӕ авдсӕдӕ фыры, стӕй авд мин ӕмӕ авдсӕдӕ цӕуы.


Уымӕй уӕлдай ма йӕм сыгъзӕрин ластой йӕ базаргӕнджытӕ ӕмӕ йӕ сӕудӕджертӕ, стӕй йӕ бӕстыхицӕуттӕ ӕмӕ суанг Аравийы ӕппӕт паддзӕхтӕ дӕр.


Паддзахӕн хъуамӕ зындгонд уа: ацы сахар арӕзт куы ’рцӕуа ӕмӕ йын йӕ къултӕ амад куы фӕуой, уӕд уыдон налдӕр хъалон, налдӕр фиддон, налдӕр илци фиддзысты, ӕмӕ уый паддзахы къазнайӕн ӕнӕмӕнг зиан уыдзӕни.


Уымӕ гӕсгӕ мах паддзахӕн хъусын кӕнӕм: ацы сахар фӕстӕмӕ куы рацаразой ӕмӕ йӕ къултӕ куы срӕвдз уой, уӕд-иу, доны фале дын цы исбон ис, ууыл дӕ къух ауигъ».


Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ сбӕлвырд кодтой, уыцы сахар рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр паддзӕхты ныхмӕ растынмӕ цӕттӕ кӕй уыд ӕмӕ-иу дзы уымӕ гӕсгӕ змӕстытӕ ӕмӕ хъӕлӕбатӕ кӕй рауадис, уый.


Уӕдӕ афтӕ: бардзырд раттут, цӕмӕй уыцы адӕм сӕ куыст ныууромой ӕмӕ, цалынмӕ мӕнӕй бар лӕвӕрд нӕ уа, уӕдмӕ уыцы сахар аразынмӕ мачиуал бавнала.


Уымӕй уӕлдай ма уын хъуамӕ зындгонд уа, Хуыцауы уыцы хӕдзары сауджынтӕ, левиттӕ, зарӕггӕнджытӕ, дуаргӕстӕ, Кувӕндоны лӕггадгӕнджытӕй никӕуыл ис ӕвӕрӕн нӕдӕр фиддон, нӕдӕр хъалон, нӕдӕр илци.


Хынджылӕггӕнгӕ, саузӕрдӕйӕ ныхас кӕнынц, ӕртхъирӕн кӕнынц ӕнӕввӕрсонӕй.


О, додой! Адӕмарӕх сахар куы сафтид ис, идӕдзау иунӕгӕй куы аззади! Кӕддӕр куы уыдис адӕмты ’хсӕн номдзыд, бӕстӕты ус-паддзах куы сси цагъар!


Йӕ къалиутӕ — фидар, паддзӕхты лӕдзгуытӕн дӕр бӕззыдысты. Йӕ зӕнг ӕврӕгъты онг схӕццӕ, ӕд бирӕ къабузтӕ фӕлгӕсыди бӕрзондӕй.


Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыд, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном — Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ