Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 4:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Рафӕлдахын кӕн дӕ фыдӕлты зӕрдылдарӕн хабӕртты чиныг ӕмӕ дзы бакӕсдзынӕ, Йерусалим, змӕнтгӕ чи кӕны, паддзӕхтӕн дӕр ӕмӕ бӕстӕйы алы кӕрӕттӕн дӕр зиан чи хӕссы, ахӕм сахар кӕй у, уый. Рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр уисӕн нӕ кӕны ӕмӕ дӕрӕнгонд дӕр уый аххосӕй ӕрцыдис.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 4:15
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг афтӕ смӕсты ис Йерусалим ӕмӕ Иудейы цӕрджытӕм, ӕмӕ сыл хъоды бакодта. Цедекиа нал уисӕн кодта Вавилоны паддзахӕн.


сахар ист ӕрцыд. Иудейаг паддзах Цедекиа ӕхсӕвы тары йӕ хӕстон адӕмимӕ лидзӕг фӕци, ӕмӕ, паддзахы дыргъдоны кӕрон сахары дыууӕ сисы астӕу цы кулдуар уыди, ууылты Иорданы дӕлвӕзмӕ раирвӕзтысты. Ныр халдейӕгты ӕфсад та лӕууыди сахары алыварс.


Паддзах хъуамӕ зона, йӕ разӕй рацӕуӕг иудейӕгтӕ кӕй ӕрбацыдысты махмӕ Йерусалиммӕ ӕмӕ ногӕй аразынц ацы ӕнӕсӕттон ӕмӕ хъӕхъхъаг сахар. Йӕ къултӕ йын амайынц, йӕ бындуртӕ йын фидар кӕнынц.


Мах паддзахы раз хӕсджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ, исчи паддзахӕн зиан ӕрхӕсса, уымӕ кӕсын нӕ бон нӕу, ӕмӕ йын, хабар куыд у, уый хъусын кӕнӕм.


Уымӕ гӕсгӕ мах паддзахӕн хъусын кӕнӕм: ацы сахар фӕстӕмӕ куы рацаразой ӕмӕ йӕ къултӕ куы срӕвдз уой, уӕд-иу, доны фале дын цы исбон ис, ууыл дӕ къух ауигъ».


Уыдӕттӕ фехъусгӕйӕ ныл хоронаг Санбаллат ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, стӕй араббаг Гешем былысчъилӕй худтысты: «Цы митӕ кӕнут, цымӕ? Мыййаг уӕм паддзахы ныхмӕ сызмӕнтыны зонд нӕ фӕзынди?»


Фыстӕджы уыди: «Адӕм хъус-хъус кӕнынц, стӕй Гашму дӕр афтӕ зӕгъы, ды ӕмӕ, дам, иудейӕгтӕ паддзахы ныхмӕ растынмӕ хъавут. Къул дӕр, дам, уый тыххӕй амайыс. Уыимӕ, дам, дӕ зӕрды ис уыдонӕн паддзах суӕвын.


Уыйадыл хъуыддагмӕ каст ӕрцыди, сбӕлвырд ӕй кодтой ӕмӕ дыууӕйы дӕр бӕласыл ӕрцауыгътой. Ӕппӕт уыдӕттӕ та паддзахы цӕстыты раз азфыстмӕ хаст ӕрцыдысты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ