Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 4:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Паддзахӕн хъуамӕ зындгонд уа: ацы сахар арӕзт куы ’рцӕуа ӕмӕ йын йӕ къултӕ амад куы фӕуой, уӕд уыдон налдӕр хъалон, налдӕр фиддон, налдӕр илци фиддзысты, ӕмӕ уый паддзахы къазнайӕн ӕнӕмӕнг зиан уыдзӕни.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 4:13
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мах паддзахы раз хӕсджын кӕй стӕм, уымӕ гӕсгӕ, исчи паддзахӕн зиан ӕрхӕсса, уымӕ кӕсын нӕ бон нӕу, ӕмӕ йын, хабар куыд у, уый хъусын кӕнӕм.


Йерусалимы уыдис, доны фале ӕгасӕй дӕр кӕй къухы уыди, хъалонтӕ, фиддонтӕ ӕмӕ илци фыст кӕмӕн цыдис, ахӕм домбай паддзӕхтӕ.


Уымӕй уӕлдай ма уын хъуамӕ зындгонд уа, Хуыцауы уыцы хӕдзары сауджынтӕ, левиттӕ, зарӕггӕнджытӕ, дуаргӕстӕ, Кувӕндоны лӕггадгӕнджытӕй никӕуыл ис ӕвӕрӕн нӕдӕр фиддон, нӕдӕр хъалон, нӕдӕр илци.


Аннӕтӕ та дзырдтой, мах, дам, нӕ хуымтӕ ӕмӕ нӕ сӕндӕттӕ цъынды раттӕм ӕмӕ афтӕмӕй ӕвзист ӕфстау райсӕм, цӕмӕй паддзахы хъалон бафидӕм.


Ӕнӕзонд дзуры йӕ мидзӕрдӕйы: «Хуыцау нӕй». Адӕм фехӕлдысты, ӕбуалгъ митыл бафтыдысты; хорз хъуыддаг аразӕг нал ис.


Уый сын загъта: «Ратдзӕн». Ӕмӕ Петр хӕдзармӕ куы бахызт, уӕд ӕм Йесо фӕраздӕр ис ӕмӕ йын дзуры: «Куыд дӕм кӕсы, Симон, зӕххон паддзӕхтӕ фиддон кӕнӕ хъалон кӕмӕй исынц? Сӕхи адӕмӕй ӕви ӕцӕгӕлӕттӕй?»


Йесо уырдыгӕй куы фӕцӕйцыд, уӕд хъалонисӕн бынаты бадгӕ федта иу лӕджы, йӕ ном — Матфей, ӕмӕ йын загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый сыстад ӕмӕ Йӕ фӕдыл ацыди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ