11 Сӕ фыстӕджы мӕнӕ куыд загъдӕуыди: «Паддзах Артаксерксмӕ, бирӕ цӕра, — йӕ цагъартӕ, доны фале цӕрджытӕ, ӕмӕ афтӕ дарддӕр.
Иезавел фыстӕджытӕ ныффыста Ахавы номӕй, уый мыхуыр сыл сӕвӕрдта ӕмӕ сӕ арвыста, Навот кӕм царди, уыцы сахары хистӕртӕ ӕмӕ номджынтӕм.
Кӕд ӕндӕрбӕстаг адӕмтӕй ӕдас нӕ уыдысты, уӕддӕр нывондхӕссӕн йӕ бынаты сӕвӕрдтой ӕмӕ йыл иууылсудзинӕгтӕ, сӕумӕйы ӕмӕ изӕры иууылсудзинӕгтӕ, судзын райдыдтой Дунедарӕджы номыл.
стӕй хъомысджын ӕмӕ цытджын Ашшурбанипал уацары кӕй райста, Самарийы сахарты ӕмӕ доны фале иннӕ сахарты кӕй ӕрцӕрын кодта, уыцы адӕмтӕ, ӕмӕ афтӕ дарддӕр».
Паддзах хъуамӕ зона, йӕ разӕй рацӕуӕг иудейӕгтӕ кӕй ӕрбацыдысты махмӕ Йерусалиммӕ ӕмӕ ногӕй аразынц ацы ӕнӕсӕттон ӕмӕ хъӕхъхъаг сахар. Йӕ къултӕ йын амайынц, йӕ бындуртӕ йын фидар кӕнынц.
Мӕнӕ бӕстон, Евфраты фаллаг фарсы бӕстыхицау Таттенай ӕмӕ Шетар-Бознай се ’мбӕлттимӕ, цӕугӕдоны фаллаг фарс цӕрӕг афарсатхӕгтимӕ, паддзах Даримӕ цы фыстӕг арвыстой, уый мидис.
Паддзах Артаксеркс сауджын Езрайӕн, динамонӕгӕн, Дунедарӕджы фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ Ӕгъдауыл Израилы ахуыргӕнӕгӕн цы фыстӕг радта, уым дзырдӕуыди:
Самариаг сылгоймаг Ын зӕгъы: «Ды иудейаг куы дӕ, уӕд мӕнӕй, самариагӕй, дон куыд курыс?» (Афтӕ та уымӕн загъта, ӕмӕ иудейӕгтӕ самариӕгтыл не ’рвӕссынц.)