13 Цин чи кодта ӕмӕ мӕстӕйдзагӕй чи ӕрдиаг кодта, уый зын равзарӕн уыди: сӕ иутӕ дӕр ӕмӕ сӕ иннӕтӕ дӕр хъӕр кодтой хъӕлӕсыдзагӕй, ӕмӕ сӕ хъӕр дардмӕ хъуысти.
Ӕмӕ адӕм иууылдӕр Соломоны фӕдыл рацыдысты; уадындзтӕй цагътой, сӕ цины хъӕртӕ афтӕ тынг азӕлыдысты, ӕмӕ-иу зӕхх сӕнкъуысти.
Раздӕры Кувӕндон чи ӕрӕййӕфта, уыцы сауджынтӕ, левиттӕ ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй, зӕрӕдтӕй бирӕтӕ, ног Кувӕндоны бындурмӕ кӕсгӕйӕ, ӕрдиаг кодтой. Бирӕтӕ та сӕ цин нӕ урӕдтой ӕмӕ ӕхсызгон хъӕртӕ кодта.
Иудӕ ӕмӕ Бениамины знӕгтӕн сӕ хъустыл ӕрцыд, уацарӕй чи ӕрбаздӕхти, уыдон Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы хӕдзар аразынц, зӕгъгӕ.
Уыцы бон бирӕ нывӕндтӕ ӕрхастой ӕмӕ хъӕлдзӕг уыдысты, уымӕн ӕмӕ сын Хуыцау стыр цин ӕрхаста. Сылгоймӕгтӕ дӕр ӕмӕ сабитӕ дӕр хъӕлдзӕг уыдысты. Йерусалимы цины хъӕртӕ дардмӕ хъуыстысты.
Дӕхӕдӕг сын стӕрхон кӕн, Хуыцау, сӕхи сӕрыл куыд ӕрцӕуой сӕ хинтӕ! Сӕ фыдракӕндтӕ бирӕ сты, Дӕ ныхмӕ рацыдысты, ӕмӕ сӕ фӕсур!
Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕ, кӕугӕйӕ, Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, агурӕг ацӕудзысты.
О, бӕрзонд хох! Ды чи дӕ Зоровавелы раз? Быдырӕй уӕлдай ницы дӕ йӕ цуры. Уый рахӕсдзӕни Кувӕндоны фӕстаг дур, адӕм та хъӕр кӕндзысты: „Фарны дур нын фестӕд!“»
Уыцы бынат Бохим, зӕгъгӕ, уымӕн схуыдтой. Уыцы ран израилӕгтӕ Дунедарӕгӕн нывонд ӕрхастой.
Дунедарӕджы Фидыды Чырын Израилы рӕсӕнуатмӕ куы ’рбахӕццӕ ис, уӕд адӕмӕн сӕ цины хъӕр афтӕ тынг ныййазӕлыд, ӕмӕ зӕхх ныррызти.