Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 3:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Раздӕры Кувӕндон чи ӕрӕййӕфта, уыцы сауджынтӕ, левиттӕ ӕмӕ хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕй, зӕрӕдтӕй бирӕтӕ, ног Кувӕндоны бындурмӕ кӕсгӕйӕ, ӕрдиаг кодтой. Бирӕтӕ та сӕ цин нӕ урӕдтой ӕмӕ ӕхсызгон хъӕртӕ кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 3:12
12 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цин чи кодта ӕмӕ мӕстӕйдзагӕй чи ӕрдиаг кодта, уый зын равзарӕн уыди: сӕ иутӕ дӕр ӕмӕ сӕ иннӕтӕ дӕр хъӕр кодтой хъӕлӕсыдзагӕй, ӕмӕ сӕ хъӕр дардмӕ хъуысти.


Цы суыдзынӕ, уый раз дӕм, раздӕр цы уыдтӕ, уый ницыуал кӕсдзӕн.


Стау, Йерусалим, Дунедарӕджы! Стау, Сион, дӕ Хуыцауы!


Ма тӕрсут, Израилы адӕм, Йаковы байзӕддӕгтӕ! Къуыдыргалмау ӕнӕбон куы уат, уӕд дӕр Ӕз уӕ фарсмӕ дӕн ӕмӕ уын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Стыр Хуыцау — ссӕрибар кӕндзынӕн сымах.


Чысыл къордӕй рантысын кӕндзынӕн минтӕ, цауд адӕмы скӕндзынӕн хъомысджын. Афон куы ’рцӕуа, уӕд Ӕз, Дунедарӕг, уыцы хъуыддаг сараздзынӕн уадидӕгӕн».


Уыцы заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудей ӕмӕ Израилы байзӕддӕгтӕ, кӕугӕйӕ, Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы, агурӕг ацӕудзысты.


„Ацы Кувӕндон уӕ йӕ раздӕры кады исчи ӕрӕййӕфта? Ныр та йӕ цы уавӕры уынут? Бынтон ницы нӕу уӕ цӕсты?


Ацы хъуыддагмӕ йӕ райдианы сӕрбӕрзондӕй чи касти, уыдон дӕр ныццин кӕндзысты, Зоровавелы къухы аразӕн дур куы феной, уӕд. Ацы авд цырагъы сты Дунедарӕджы авд цӕсты, уыдон фӕлгӕсынц ӕгас зӕххыл».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ