Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 3:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уыдон-иу радыгай ныззарыдысты, Дунедарӕджы стаугӕйӕ ӕмӕ Йын кад кӕнгӕйӕ: «Хӕрзаудӕг у Уый, Йӕ хорзӕхӕй Израил хайджын у ӕнустӕм!» Ӕмӕ ӕппӕт адӕмы хъӕлӕс ӕрвнӕрӕгау нӕрыд. Иууылдӕр кад кодтой Дунедарӕгӕн, Йӕ хӕдзары бындур ӕвӕрд кӕй ӕрцыди, уый тыххӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 3:11
32 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Арфӕ кӕнут нӕ Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ Уый хорзӕхджын у, Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


Уыдонимӕ ма уыдысты Хеман ӕмӕ Йедутун, стӕй иннӕ ӕвзӕрст лӕгтӕ. Сӕ хӕс уыди Дунедарӕджы стауын, афтӕ дзургӕйӕ: «Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!»


Хӕтӕлтӕй чи цагъта, уыдонӕн, стӕй зарӕггӕнджытӕн сӕ цагъд ӕмӕ сӕ зарӕджы зӕлд баиу сты, ӕмӕ афтӕмӕй кад кодтой Дунедарӕгӕн, стыдтой Йӕ: «Дунедарӕг хӕрзаудӕнгӕнаг у, Йӕ хорзӕх нӕ сӕфы мыггагмӕ!» Ӕмӕ ӕврагъ Дунедарӕджы хӕдзар ӕрӕмбӕрзта.


Израилӕгтӕ, арвӕй арт ӕрцыд, Кувӕндон та Дунедарӕджы кадӕй байдзаг ис, уый куы федтой, уӕд дурын астӕрдыл ныддӕлгом сты. Дунедарӕгмӕ бакуывтой ӕмӕ Йӕ стыдтой: «Дунедарӕг хӕрзаудӕнгӕнаг у, Йӕ хорзӕх мыггагмӕ нӕ сӕфы!»


Левитты хистӕртӕ: Хашавиа, Шеревиа, Кадмиелы фырт Йешуа се ’фсымӕртимӕ арфӕйы рӕстӕг кады зарджытӕ хъуамӕ зарой, Хуыцауы уарзон адӕймаг Давиды амындмӕ гӕсгӕ, кӕрӕдзийы ивгӕйӕ.


Уый фӕстӕ зарӕггӕнджыты дыууӕ къорды дӕр Хуыцауы хӕдзары раз ӕрлӕууыдысты, семӕ — ӕз, хицӕуттӕн се ’мбис


Фӕсвӕд искӕуыл цъыф чи калы, уыдоны дзыхтӕ сӕхгӕнын, сӕрхызт ӕмӕ ӕнӕввӕрсонӕн нӕ барын.


Мӕргътӕ сыл ахстӕттӕ кӕнынц, нӕзытыл ӕрбынат кӕнынц къадзтӕ.


Кад кӕнут Дунедарӕгӕн, стаут Ӕй, уымӕн ӕмӕ ныл ауды, мыггагмӕ нӕ буц кӕны Йӕ хорзӕхтӕй!


Тӕхудиаг сты уыдон, сӕ фӕндаг ӕнӕкъӕм кӕмӕн у, Дунедарӕджы Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ чи цӕры.


Уӕлвонг Кувӕндонмӕ цӕуджыты зарӕг. О Дунедарӕг, ӕрымыс Давиды, ӕрымыс ын йӕ бирӕ хъизӕмӕрттӕ —


Стаут барджынты Барджыны — Йӕ хорзӕх мыггагмӕ у.


Зарӕг. Корахы фыртты псалом.


Паддзӕхтӕ ӕрӕмбырд сты, сӕ ных ӕм сарӕзтой,


Мариам базарыд: «Ныззарут Дунедарӕгӕн, — стыр у Уый! Бӕхтӕ ӕмӕ барджыты Уый денджызы нывзылдта!»


Сионы цӕрджытӕ, цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут, уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе ’хсӕн Израилы Уаз Хуыцау!»


Цингӕнгӕ зарут, уӕлӕрвтӕ! Цинхъӕр кӕнут, зӕххы ӕрфытӕ, фӕзмӕнт уӕ, заргӕ, хӕхтӕ ӕмӕ хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ссӕрибар кодта Йаковы байзӕддаджы, Израилы руаджы Йӕхи ӕргом кӕны, тӕмӕнкалгӕ.


Кӕрӕдзимӕ хъӕр кодтой: «Уӕларвӕфсады Бардарӕг уаз у! Ӕгас зӕхх — йемыдзаг Йӕ кадӕй!»


„Ацы Кувӕндон уӕ йӕ раздӕры кады исчи ӕрӕййӕфта? Ныр та йӕ цы уавӕры уынут? Бынтон ницы нӕу уӕ цӕсты?


О, бӕрзонд хох! Ды чи дӕ Зоровавелы раз? Быдырӕй уӕлдай ницы дӕ йӕ цуры. Уый рахӕсдзӕни Кувӕндоны фӕстаг дур, адӕм та хъӕр кӕндзысты: „Фарны дур нын фестӕд!“»


Цин кӕн, Сионы чызг! Дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй, Йерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ Паддзах! Уый у рӕстаг, сӕрныллӕг, ирвӕзындзинад дын ӕрхӕсдзӕн, фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ.


Чи Дзы тӕрсы, уыдон фӕлтӕрӕй-фӕлтӕрмӕ Йӕ хорзӕхӕй хайджын сты.


Афтӕмӕй Дунедарӕджы Фидыды Чырын сахары алыварс иу хатт ӕрзылди, стӕй рӕсӕнуатмӕ раздӕхтысты ӕмӕ дзы бахсӕвиуат кодтой.


Ацы сахар хъуамӕ ӕлгъыстаг фӕуа, чидӕриддӕр дзы ис, уыдонимӕ, хъуамӕ бабын уа — Дунедарӕгӕн лӕвӕрд ӕрцӕуа. Ӕрмӕстдӕр хӕтаг сылгоймаг Рахав баззайӕд удӕгасӕй — йӕхицӕй дарддӕр ма йӕ хӕдзары чи уа, уыдонимӕ, уымӕн ӕмӕ нын не сгарджыты бамбӕхста.


Нуны фырт Йешуа фӕсидт сауджынтӕм ӕмӕ сын загъта: «Дунедарӕджы Фидыды Чырын сисут, авд сауджыны та фӕйнӕ сыкъауадындзы хӕссӕнт Фидыды Чырыны разӕй».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ