Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 3:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Аразджытӕ Дунедарӕджы хӕдзары бындур куы ӕрӕвӕрдтой, уӕд сауджынты сӕ уазлӕггады дарӕсты, хӕтӕлтимӕ, стӕй левитты, Асафы байзӕддӕгты, цимбалтӕ сӕ къухы, афтӕмӕй сӕ бынӕтты ӕрлӕууын кодтой, цӕмӕй кад кӕной Дунедарӕгӕн, Израилы паддзах Давид куыд амыдта, афтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 3:10
26 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сауджынтӕ Шеваниа, Иосафат, Нетанел, Амасай, Захариа, Бенайа ӕмӕ Елиезер, Хуыцауы Фидыды Чырыны разӕй цӕугӕйӕ, цагътой хӕтӕлтӕй. Овед-Едом ӕмӕ Йехиа дӕр хъахъхъӕнджытӕ уыдысты Фидыды Чырынӕн.


Давидӕн йӕ уӕлӕ уыди пӕлӕз, лыстӕг гӕнӕй уафт хъуымацӕй; ахӕм пӕлӕзтӕ уыди Фидыды Чырын хӕссӕг левиттӕн се ’ппӕтыл дӕр, стӕй ма зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ сӕ разамонӕг Кенаниайыл. Давидыл ма ноджы уыди гӕн хъуымацӕй ефод дӕр.


Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз Давид ӕрвылбоны лӕггадгӕнджытӕ скодта Асафы ӕмӕ уымӕн йе ’рвад-ӕфсымӕрты,


Хуыцауы кадӕн Хеман ӕмӕ Йедутун зарыдысты; хӕтӕлтӕй, ӕмдзӕгъдгӕнӕнтӕй ӕмӕ ӕндӕр цӕгъдӕнтӕй цагътой. Йедутуны фырттӕ та уыдысты дуаргӕстӕ.


дуаргӕстӕй — цыппар мины, Дунедарӕджы кадӕн цӕгъдӕнтӕй ифтонг зарӕггӕнджытӕй дӕр — цыппар мины. Давид сӕ Дунедарӕджы стауыны охыл саразын кодта.


Ӕстдӕсӕм хатт схаудта Хананийы хал, йемӕ йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ — дыууадӕс лӕджы.


Уый фӕстӕ левиттӕ Куадзӕны минас сцӕттӕ кодтой сӕхицӕн ӕмӕ сауджынтӕн, уымӕн ӕмӕ сауджынтӕ, Аароны байзӕддӕгтӕ, ӕнафонмӕ фӕхастой иууылсудзинаг нывӕндтӕ ӕмӕ фӕсыгътой нывондӕгты фиу. Сӕхицӕн дӕр ӕмӕ сауджынтӕн дӕр, Аароны байзӕддӕгтӕн, алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтой левиттӕ.


Зарӕггӕнджытӕ, Асафы байзӕддӕгтӕ, лӕууыдысты сӕ бынӕтты, сӕ заманы Давид, Асаф, Хеман ӕмӕ паддзахы зонынджын Йедутун куыд бауынаффӕ кодтой, афтӕ. Дуаргӕстӕ дӕр алы кулдуары раз лӕууыдысты, йӕ куыст ныууадзын дзы никӕй бахъуыди, уымӕн ӕмӕ сын се ’рвадӕлтӕ, левиттӕ, алцыдӕр ӕрцӕттӕ кодтой.


Ам уыдысты Кувӕндоны зарӕггӕнджытӕ, левиттӕ, иууылдӕр: Асаф, Йедутун ӕмӕ Хеман сӕ фырттӕ ӕмӕ се ’рвадӕлтимӕ — лыстӕг гӕнӕй уафт дарӕсты. Се ’мдзӕгъдгӕнӕн тӕбӕгътӕ, сӕ дыууадӕстӕнонтӕ ӕмӕ сӕ хъисфӕндыртимӕ лӕууыдысты нывондхӕссӕны скӕсӕйнаг фарс. Ӕхсӕзыссӕдз сауджыны семӕ лӕууыдысты ӕмӕ хӕтӕлтӕй цагътой.


Зарӕггӕнджытӕ: Асафы мыггагӕй — сӕдӕ дыууын авд.


Уыцы Шешбаццар ацыди ӕмӕ Хуыцауы хӕдзарӕн бындур сӕвӕрдта Йерусалимы. Уӕдӕй нырмӕ Хӕдзарыл архайд цӕуы, ӕмӕ арӕзт нӕма фӕци.


Стаут Ӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕнты зӕлтӕй, стаут Ӕй ӕмдзӕгъдгӕнӕнты зӕллангӕй.


Кӕсут-иу, амӕй фӕстӕмӕ цы уыдзӕни, уымӕ. Дунедарӕджы Кувӕндоны дур дурыл ӕвӕрд куы нӕма ’рцыди,


Ацы хъуыддагмӕ йӕ райдианы сӕрбӕрзондӕй чи касти, уыдон дӕр ныццин кӕндзысты, Зоровавелы къухы аразӕн дур куы феной, уӕд. Ацы авд цырагъы сты Дунедарӕджы авд цӕсты, уыдон фӕлгӕсынц ӕгас зӕххыл».


Уӕд мын афтӕ зӕгъы: «Уый Дунедарӕг ахӕм хуызы Зоровавелӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: хъару ӕмӕ хъомысы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Мӕ Уды руаджы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


О, бӕрзонд хох! Ды чи дӕ Зоровавелы раз? Быдырӕй уӕлдай ницы дӕ йӕ цуры. Уый рахӕсдзӕни Кувӕндоны фӕстаг дур, адӕм та хъӕр кӕндзысты: „Фарны дур нын фестӕд!“»


Зӕгъ ын: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: мӕнӕ, Йӕ ном Ӕвзар кӕмӕн у, Уый, куы сырӕза, уӕд Дунедарӕджы Кувӕндон сараздзӕн.


Уӕд паддзах загъта Доегӕн: «Цу уӕдӕ ды амар сауджынты». Ӕмӕ едомаг Доег сауджынты ныццагъта. Уыцы бон уый амардта ӕстай фондз лӕджы, гӕнӕй уафт ефод чи дардта, ахӕмты.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ