58 Кувӕндоны кусджыты ӕмӕ Соломоны цагъарты байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй — ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз дыууӕ.
Израилы зӕххыл раздӕр цы ӕндӕр адӕмтӕ царди — аморӕгтӕ, хеттӕгтӕ, периззӕгтӕ, хиввӕгтӕ ӕмӕ йевусӕгтӕ — уыдоны мыггаг бынтон сыскъуынын израилӕгтӕн нӕ бантыст. Ӕмӕ сын ныр Соломон сӕ фӕстагӕтты бафтыдта тыхбегарайы алы куыстытыл, ӕмӕ сӕ кӕнынц ныронг дӕр.
Уый фӕстӕ сӕ уӕзӕгмӕ, сӕ сахартӕм, фыццаг чи ӕрыздӕхт, уыдон уыдысты сауджынтӕ, левиттӕ, Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ иннӕ израилӕгтӕ.
Шефатийы, Хаттилы, Покерет-Цеваимы ӕмӕ Амийы байзӕддӕгтӕ.
Стӕй ма, Тел-Мелах, Тел-Харша, Керув, Аддан, Иммерӕй чи рацыд, фӕлӕ йӕ хӕдзарвӕндаг ӕмӕ мыггаг Израилӕй сты ӕви нӕ, уый бӕлвырдӕй зӕгъын йӕ бон кӕмӕн нӕ бацис, уыдон:
Артаксеркс уӕд ӕвдӕм аз паддзахиуӕг кодта. Езраимӕ ма Йерусалиммӕ чидӕртӕ ацыдис Израилы дзыллӕйӕ, сауджынтӕ ӕмӕ левиттӕй, зарӕггӕнджытӕ, дуаргӕстӕ ӕмӕ Кувӕндоны кусджытӕй,
Офел, зӕгъгӕ, сахары уыцы ран цӕрӕг Кувӕндоны кусджытӕ самадтой къулы иннӕ хай — скӕсӕнӕрдыгӕй Донхӕссӕн кулдуармӕ, цы мӕсыг дзы фӕцыд, уый онг.
Кувӕндоны кусджытӕ ӕмӕ Соломоны цагъарты байзӕддӕгтӕ ӕдӕппӕтӕй — ӕртӕсӕдӕ нӕуӕдз дыууӕ.
Ӕлхӕд цагъартӕ, усӕй, лӕгӕй, стӕй, мӕ хӕдзары чи райгуырд, ахӕм ӕххуырстытӕ мӕм бирӕ уыд. Стурвос ӕмӕ фысвос мӕнмӕ цас уыди, уый бӕрц Йерусалимы цӕрджытӕй никуы никӕмӕ уыд.
Уадз ӕмӕ цӕрӕнт, фӕлӕ нырӕй фӕстӕмӕ суг сӕттӕнт ӕмӕ дон хӕссӕнт ӕгас дзыллӕйӕн». Ӕмӕ адӕм сӕ хицӕуттимӕ сразы сты.
Ӕлгъыст стут уый тыххӕй! Уӕ фӕды-фӕдмӕ уыдзыстут цагъартӕ, суг сӕтдзыстут ӕмӕ дон хӕсдзыстут мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн!»
Фӕлӕ уыцы бон Йешуа бардзырд радта, цӕмӕй гивонӕгтӕ суг сӕттой ӕмӕ дон хӕссой Израилы дзыллӕйӕн ӕмӕ Дунедарӕджы нывондхӕссӕнӕн. Ӕмӕ ныр дӕр уыцы куыстгӕнӕг сты, Дунедарӕг цы кувӕн бынат равзары, уым.