40 Левиттӕ: Йешуайы ӕмӕ Кадмиелы мыггӕгтӕй (Ходавийы байзӕддӕгтӕ) — ӕвдай цыппар.
Харимы мыггаг — иу мин ӕвддӕс.
Зарӕггӕнджытӕ: Асафы мыггагӕй — сӕдӕ дыууын авд.
Йешуа, йӕ фырттӕ ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ, Кадмиел ӕмӕ йӕ фырттӕ — Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, Дунедарӕджы хӕдзар саразыныл чи архайдта, уыдонмӕ хъусдарджытӕ систы. Афтӕ Хенадады фырттӕ дӕр сӕ левит фырттӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ — уыдон дӕр систы хъусдарджытӕ.
цыппӕрӕм бон, ӕвзист дӕр, сыгъзӕрин дӕр, мигӕнӕнтӕ дӕр барст-нымадӕй нӕ Хуыцауы хӕдзармӕ фӕхӕццӕ кодтам. Къухӕй-къухмӕ сӕ барст-нымадӕй радтам сауджын Меремотмӕ, Уриайы фыртмӕ, стӕй левиттӕм — Пинхасы фырт Елеазар, Йешуайы фырт Йозавад ӕмӕ Биннуйы фырт Ноадиамӕ.
Левиттӕ: Йешуа, Биннуй, Кадмиел, Шеревиа, Иудӕ, кады зарӕг кӕнгӕйӕ сӕйраг чи у, уыцы Маттаниа йӕхӕдӕг ӕмӕ йе ’фсымӕртӕ,
Левиттӕ: Йешуа ӕмӕ Кадмиелы байзӕддӕгтӕй (Ходевайы хӕдзарӕй) — ӕвдай цыппар.