29 Невойӕ рацӕуджытӕ — фӕндзай дыууӕ;
Невойы фырттӕй: Йеиел, Маттитиа, Завад, Зевина, Йаддай, Иоел ӕмӕ Бенайа.
Вефилӕй ӕмӕ Гайӕ рацӕуджытӕ — дыууӕсӕдӕ дыууын дыууӕ;
Магбишӕй рацӕуджытӕ — сӕдӕ фӕндзай ӕхсӕз;
иннӕ Невойы цӕрджытӕй — фӕндзай дыууӕ;
Моавы цӕрджытӕ ссыдысты Дивоны кувӕн къуыбыртӕм ӕмӕ уым еххӕй кӕуынц Нево ӕмӕ Медевайы сахартыл; иууылдӕр алвыдтой сӕ сӕртӕ, адастой сӕ боцъотӕ.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау, Моавы тыххӕй афтӕ зӕгъы: «Додойаг фӕци Невойы сахар: сафтид ӕй кодтой! Кирйатаим фӕхудинаг ис, бацахстой йӕ знӕгтӕ; сӕгад ис, дӕрӕнгонд ӕрцыд йӕ фидар.
«Атарот, Дивон, Йазер, Нимра, Хешбон, Елале, Свам, Нево ӕмӕ Беон —
«Аваримы хӕхтӕм фӕцу. Моавы, Йерихоны бакомкоммӕ, цы хох ис — Нево, уырдӕм ссу ӕмӕ Ханааныл, израилӕгтӕн кӕй хай кӕнын, уыцы бӕстыл дӕ цӕст ахӕсс.