28 Вефилӕй ӕмӕ Гайӕ рацӕуджытӕ — дыууӕсӕдӕ дыууын дыууӕ;
Уырдыгӕй Аврам араст ис, Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм цы хӕхбӕстӕ уыдис, уырдӕм ӕмӕ уым йӕ цатыр айтыгъта. Вефил аззади ныгуылӕнӕрдыгӕй, Гай та уыди скӕсӕнӕрдыгӕй. Уыцы ран дӕр Аврам Дунедарӕгӕн сарӕзта нывондхӕссӕн ӕмӕ Йын ссардта Йӕ ном.
Михмасӕй рацӕуджытӕ — сӕдӕ дыууын дыууӕ;
Невойӕ рацӕуджытӕ — фӕндзай дыууӕ;
иннӕ Невойы цӕрджытӕй — фӕндзай дыууӕ;
Ку, Хешбон, — хӕлӕттаг фӕци Гайы сахар! Раввайы чызджытӕ, кӕут ӕмӕ дзыназут! Уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнут ӕмӕ систы рӕзты хъеллау кӕнут, уымӕн ӕмӕ Милком ӕд сауджынтӕ ӕмӕ ӕд уӕздӕттӕ уацары ацӕудзӕн.
Уыцы заман Вефилы цӕрджытӕ Дунедарӕджы размӕ бакувынмӕ арвыстой Сарецеры ӕмӕ Регем-Мелехы се ’мбӕлттимӕ, цӕмӕй, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы Кувӕндоны цы сауджынтӕ ис, уыдоны, стӕй пехуымпарты бафӕрсой: «Бирӕ азты куыд уыдис, афтӕ ма мӕ фӕндзӕм мӕйы дӕр хъыг кӕнын ӕмӕ ком дарын хъӕуы ӕви нӕ?»
Йешуа Йерихонӕй йе сгарджыты арвыста Вефилӕй скӕсӕнӕрдӕм, Бет-Авенмӕ хӕстӕг сахар Гаймӕ. Бафӕдзӕхста сын: «Ацӕут ӕмӕ уыцы бӕстӕ басгарут». Уыдон ацыдысты ӕмӕ Гайы сахарыл ӕрзылдысты.
Иунӕг лӕг дӕр нал баззад нӕдӕр Гайы, нӕдӕр Вефилы — иууылдӕр израилӕгты фӕдыл агуылф кодтой, сахары кулдуар та дзӕгъӕл ныууагътой.
Афтӕмӕй сӕ арвыста Йешуа ӕмӕ ӕрӕмбӕхстысты Вефилӕй Гайы ’хсӕн, сахарӕн йӕ ныгуылӕнӕрдыгӕй фарс. Йешуа та бахсӕвиуат кодта йе ’фсады иннӕ хаимӕ.