7 Уӕдмӕ ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимы фехъусын кодтой, уацары чи уыди, уыдон Йерусалиммӕ куыд ӕрӕмбырд уой.
Ӕмӕ сфӕнд кодтой фехъусын кӕнын ӕгас Израилӕн, Беер-Шевӕйӕ Даны онг, цӕмӕй иууылдӕр ӕрбацӕуой Йерусалиммӕ, Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, Куадзӕнмӕ. Уымӕн ӕмӕ, Ӕгъдауы чиныджы куыд фыст ис, афтӕ йӕ рагӕй нал сбӕрӕг кодтой.
Йеремиайы уылты цы загъта, уый сӕххӕст кӕныны охыл Дунедарӕг сразӕнгард кодта Персы паддзах Киры йӕ паддзахиуӕджы фыццӕгӕм аз, ӕмӕ уый йӕ паддзахады алы ран дӕр дзыхы ныхасӕй ӕмӕ гӕххӕттыл фыстӕй фехъусын кодта:
Сыстади Езра Хуыцауы хӕдзары цурӕй, Елиашивы фырт Йохананы хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ йе ’хсӕв уым арвыста. Къӕбӕр дӕр дзы нӕ бахордта, дон дӕр дзы нӕ бануӕзта: ӕрбалидзджыты фыдракӕндыл марой кодта.
Ӕртӕ бонмӕ чи нӕ фӕзына, уымӕн хицӕуттӕ ӕмӕ хистӕрты фӕндонмӕ гӕсгӕ йӕ исбон ӕнӕхъӕнӕй ист ӕрцӕудзӕн, йӕхиуыл та йын ӕрбалидзджыты ’хсӕн хъоды бакӕндзысты.