Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 10:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Сыстади Езра Хуыцауы хӕдзары цурӕй, Елиашивы фырт Йохананы хӕдзармӕ бацыд ӕмӕ йе ’хсӕв уым арвыста. Къӕбӕр дӕр дзы нӕ бахордта, дон дӕр дзы нӕ бануӕзта: ӕрбалидзджыты фыдракӕндыл марой кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 10:6
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Цалынмӕ Езра, зӕххыл ныддӕлгом ис, афтӕмӕй Хуыцауы раз куыдта ӕмӕ тӕригъӕдтӕ ӕргом кодта, уӕдмӕ йӕ алыварс ӕрӕмбырд ис бирӕ адӕм — израилӕгтӕ нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, сывӕллонӕй — ӕмӕ уыдон дӕр куыдтой ӕмӕ дзынӕзтой.


Уӕдмӕ ӕгас Иудей ӕмӕ Йерусалимы фехъусын кодтой, уацары чи уыди, уыдон Йерусалиммӕ куыд ӕрӕмбырд уой.


афтӕмӕй, лигъдӕтты ӕнаккаг миты тыххӕй Израилы Хуыцауы азарӕй ӕдас чи нӕ уыди, уыдон иууылдӕр мӕ алыварс ӕрбамбырд сты. Изӕры нывонд хӕссыны афонмӕ мӕ бынатӕй змӕлгӕ дӕр нӕ фӕкодтон.


Йешуайӕ райгуырди Иоаким, Иоакимӕй — Елиашив, Елиашивӕй райгуырди Иоада,


Левиттӕ, хӕдзарвӕндӕгты хистӕртӕ, номхыгъдмӕ хаст ӕрцыдысты алчертӕ Елиашив, Иоада, Йоханан ӕмӕ Йадуайы рӕстӕджыты, сауджынты мыггӕгтӕ та — Персаг Дарийы паддзахиуӕджы заман.


Иоадайы байзӕддӕгтӕй дӕр иу, алчер Елиашивы фырт, хоронаг Санбаллаты сиахс уыди, ӕмӕ йӕ уый тыххӕй ӕз мӕ цурӕй фӕтардтон.


рахицӕн кодта стыр уат; уӕды онг дзы ӕфснайдтой хойраджы хуынтӕ, буд ӕмӕ мигӕнӕнтӕ, ноджы ма левиттӕ, зарӕггӕнджытӕ ӕмӕ дуаргӕстӕм ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цы хойраг хауди, уый, сӕн ӕмӕ сойы дӕсӕймаг хӕйттӕ, стӕй, сауджынтӕн кӕй хастой, уыцы хуынтӕ.


Алчер Елиашив бавдӕлд ӕмӕ йӕ сауджын ӕфсымӕртимӕ Фысвосы кулдуар сарӕзтой. Срухс ӕй кодтой ӕмӕ йын йӕ дуӕрттӕ сӕвӕрдтой. Сӕдӕйы мӕсыгӕй Хананелы мӕсыгмӕ дӕр къул самадтой ӕмӕ йӕ срухс кодтой.


Иннӕ хай, тигъӕй алчер Елиашивы хӕдзары дуары онг, самадта Заббайы фырт Барух.


Йӕ фӕдзӕхстыты сӕрты нӕ хизын, Йӕ ныхӕстӕ Йын арф дарын мӕ зӕрдӕйы.


Ирвӕзын дӕ кӕны ингӕнӕй, кады худау дӕуӕн — Йӕ хорзӕх ӕмӕ Йӕ бирӕ хӕрзтӕ.


Моисей Дунедарӕджы раз фӕци дыууиссӕдз боны ӕмӕ дыууиссӕдз ӕхсӕвы. Нӕдӕр къӕбӕры хъӕстӕ фӕци, нӕдӕр — доны хъӕстӕ. Къӕйдуртыл ныффыста Фидыды ныхӕстӕ — дӕс фӕдзӕхсты.


Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, сымахӕн фӕдзӕхста, цӕмӕй уыцы бон сау дарат ӕмӕ дзыназат, уӕ сӕрыхил алвынат ӕмӕ уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнат.


Ӕз мӕ уӕлӕ сӕхъис скодтон, мӕ сӕрыл рыг байзӕрстон ӕмӕ ком дардтон, куывтон ӕмӕ лӕгъстӕ кодтон мӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг, стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг Хуыцау! Чи Дӕ уарзы ӕмӕ Дын Дӕ фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны, уыдоныл иузӕрдион дӕ кӕддӕриддӕр.


Ногӕй та ныддӕлгом дӕн зӕххыл Дунедарӕджы раз; дыууиссӕдз боны ӕмӕ та дыууиссӕдз ӕхсӕвы хор ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, афтӕмӕй куывтон Дунедарӕгмӕ, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стут, фыдракӕнд сарӕзтат Йӕ разы, ӕмӕ уӕм смӕсты ис.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ