Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езра 10:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уыдон сӕ къухтӕ радтой, сӕ устытимӕ кӕй ахицӕн уыдзысты ӕмӕ фӕйнӕ фысы фиддоны нывондӕн кӕй ӕрхӕсдзысты, уый тыххӕй;

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езра 10:19
9 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йегу уырдыгӕй дарддӕр Самарийы ’рдӕм куыд фӕцӕйцыд, афтӕ дын мӕнӕ йӕ ныхмӕ ӕрбацӕуы Рехавы фырт Йонадав. Йегу йын салам радта ӕмӕ йӕ бафарста: «Мӕныл дӕ зӕрдӕ куыд дарыс, афтӕ дын дӕхиуыл дӕр зӕрдӕ дарӕн ис ӕви нӕ?» Йонадав ын загъта: «О». — «Уӕдӕ дӕ къух ӕри!» Ӕмӕ йӕм Йегу уӕрдонӕй йӕ къух ралӕвӕрдта ӕмӕ йӕ сбадын кодта йӕ фарсмӕ.


Паддзах Соломонӕн, иузӕрдион ыл кӕй сты, уый тыххӕй ард бахордтой ӕппӕт хицӕуттӕ, гуыппырсартӕ ӕмӕ Давиды иннӕ фырттӕ дӕр.


Ӕмӕ уӕ фыдӕлтау хиваст ма ут, Дунедарӕджы коммӕ кӕсут. Ӕрбацӕут Ын Йӕ Кувӕндонмӕ, мыггагмӕ кӕй ссыгъдӕг кодта, уырдӕм. Лӕггад кӕнут уӕ Дунедарӕг Хуыцауӕн, ӕмӕ уӕ иуварс аздаха Йӕ судзгӕ маст.


Иммеры фырттӕй — Ханани ӕмӕ Зевадиа;


Мысырӕгтӕй, ассириӕгтӕй ӕххуыс куы агурӕм, цӕмӕй къӕбӕрӕй бафсӕдӕм!


уыцы адӕймаг, тӕригъӕды кӕй бацыд ӕмӕ азымджын кӕй сси, уымӕ гӕсгӕ уал раздӕр фӕстӕмӕ раттӕд, цы адавта кӕнӕ цы байста, бавӕрынмӕ цы райста кӕнӕ цы сӕфт дзаума ссардта, уый,


Йӕ азымы тыххӕй сауджынмӕ ӕрбакӕнӕд ӕнӕсахъат фыс — Дунедарӕгӕн фиддоны нывондӕн; аргъонд ын хъуамӕ ӕрцӕуа кувӕндоны ӕвзист шекелтӕй.


Ӕмӕ мын Хуыцау цы хорзӕх радта, уый куы базыдтой, уӕд Йаков, Кифӕ ӕмӕ Иоанн — аргъуаны цӕджындзтыл кӕй нымайынц, уыдон — немӕ ӕмгуысты нысанӕн мӕнӕн ӕмӕ Варнавӕйӕн райстой нӕ къухтӕ, цӕмӕй мах ацӕуӕм муртаттӕгтӕм, уыдон та — сунӕтгӕндтӕм.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ