Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 9:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Куы сӕ мардтой, уӕд ӕз иунӕгӕй аззадтӕн, ныддӕлгом дӕн зӕххыл ӕмӕ сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, Дӕ маст Йерусалимыл ӕххуырсгӕйӕ, Израилы фӕдонтӕй ма чи баззади, ӕппӕт уыдоны бабын кӕндзынӕ?»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 9:8
16 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Авраам ӕм хӕстӕгдӕр бацыд ӕмӕ Йӕ бафарста: «Ау, фыдгӕнджытимӕ рӕстыты дӕр фесафдзынӕ?


Давид йӕ цӕстытӕ хӕрдмӕ систа, ӕмӕ арвӕй зӕххы астӕу кардӕлвӕстӕй федта Дунедарӕджы зӕды, йӕ кард арӕзт уыди Йерусалимы ’рдӕм. Давид ӕмӕ йӕ адӕмы хистӕртӕ, сӕ уӕлӕ сӕхъистӕ, афтӕмӕй, зӕххыл ныддӕлгом сты.


Изӕры нывонд хӕссыны афон мӕ хъынцъымы бынатӕй сыстадтӕн, ӕддагӕй-мидӕггагӕй бызгъуыр чи фестади, мӕ уыцы дарӕсы мӕ зонгуытыл ӕрхаудтӕн ӕмӕ Дунедарӕгмӕ, мӕ Хуыцаумӕ, мӕ къухтӕ сивӕзтон:


Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Пехуымпартӕ сын дзурынц: „Сымах кард нӕ фендзыстут ӕмӕ стонг нӕ бавзардзыстут. Ӕз уын ацы бынаты балӕвар кӕндзынӕн фидар сабырдзинад“».


Ау, Иудейы бынтон аппӕрстай Дӕхицӕй? Ау, Сион Дын ӕнӕуынон сси? Ахӕм цӕф нын цӕмӕн ныккодтай? Сдзӕбӕхы амал нын куынӕуал ис! Сабырдзинадмӕ ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм, фӕлӕ хорзӕй ницы уынӕм, ӕнхъӕлмӕ кастыстӕм сдзӕбӕхмӕ, нӕ алыварс та — ӕвирхъау бӕллӕхтӕ.


Ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, Ды ацы адӕмы, Йерусалимы цӕрджыты, сайгӕ акодтай, сабыр цардӕй сын зӕрдӕ куы бавӕрдтай, уӕд? Ау, кардӕй сӕ фӕмардзысты?»


Ӕз пехуымпариуӕг куыд кодтон, афтӕ амарди Бенайайы фырт Пелатиа. Уӕд ӕз зӕххыл ныддӕлгом дӕн ӕмӕ хъӕрӕй сдзынӕзтон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ау, бынтондӕр бабын кӕндзынӕ, Израилы адӕмӕй ма чи аирвӕзти, уыдоны?»


Уӕд ӕз загътон: «О Дунедарӕг Хуыцау! Ӕз мӕхи никуыма фӕчъизи кодтон. Нӕдӕр холы, нӕдӕр, сырдтӕ кӕй ныттыдтой, ахӕм дзидза никуы бахордтон ме ’взонгӕй нырмӕ. Ницы чъизи фыд схастон мӕ дзыхмӕ».


Рӕхджы дыл Ӕз ныххуырсдзынӕн Мӕ азар, ныккалдзынӕн дыл Мӕ маст. Дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дын стӕрхон кӕндзынӕн, дзуапп дӕ ӕрдомдзынӕн де ’лгъаг миты тыххӕй.


Моисей ӕмӕ Аарон сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой израилӕгты дзыллӕйы раз.


Моисей уый куы фехъуыста, уӕд йӕ зонгуытыл ӕрхауди.


«Иуварс алӕуут ацы дзыллӕйӕ, ӕмӕ сӕ ӕз цӕсты фӕныкъуылдмӕ фесафон!» Дыууӕйӕ дӕр сӕ зонгуытыл ӕрхаудтой.


Ногӕй та ныддӕлгом дӕн зӕххыл Дунедарӕджы раз; дыууиссӕдз боны ӕмӕ та дыууиссӕдз ӕхсӕвы хор ӕмӕ доны хъӕстӕ нӕ фӕдӕн, афтӕмӕй куывтон Дунедарӕгмӕ, уымӕн ӕмӕ фӕтӕригъӕдджын стут, фыдракӕнд сарӕзтат Йӕ разы, ӕмӕ уӕм смӕсты ис.


Йешуа йӕ дарӕс фӕйнӕрдӕм арӕдывта ӕмӕ ныддӕлгом ис зӕххыл Дунедарӕджы Фидыды Чырыны раз ӕмӕ афтӕмӕй баззади суанг изӕрмӕ. Израилы хистӕртӕ дӕр ӕй бафӕзмыдтой, сӕ сӕртыл рыг байзӕрстой.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ