7 Дунедарӕг загъта: «Фӕчъизи кӕнут Кувӕндон. Мӕрдтӕй йын байдзаг кӕнут йӕ кӕртытӕ, уый фӕстӕ-иу рацӕут». Уыдон рацыдысты ӕмӕ марын райдыдтой сахары.
Халдейаг паддзахы сыл сардыдта, ӕмӕ сын уый се ’взонг лӕппуты Кувӕндоны мидӕг кардӕй ныццагъта. Никӕуыл бацауӕрста: лӕппуйӕ, чызгӕй, хистӕрӕй, урссӕр зӕрондӕй се ’ппӕты дӕр ын Хуыцау радта йӕ къухмӕ.
О Дунедарӕг, ӕркӕс мӕм! О, уый бӕрц ӕгъатыр кӕд кӕимӕ уыдтӕ?! Ныййарӕг мад йӕ сабиты хӕрынмӕ ’рцыд! Уӕ, сауджынӕй, пехуымпарӕй куы сӕфынц, Дӕ Кувӕндоны сӕ куы марынц!
Уыцы рӕстӕг Йесомӕ чидӕртӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ Йын радзырдтой, Пилат нывонд хӕссыны рӕстӕг кӕй ныццагъта, уыцы галилейӕгты тыххӕй: уыдонӕн сӕ туг сӕ нывӕндты тугимӕ схӕццӕ кодта, зӕгъгӕ.