Езекиел 9:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст2 Ӕмӕ ӕз федтон: йе ’ргом цӕгатӕрдӕм арӕзт кӕмӕн уыд, уыцы уӕллаг кулдуары ’рдыгӕй ӕрбацӕуынц ӕхсӕз лӕджы, алкӕй къухы дӕр дзы — марӕн гарз. Се ’хсӕн ма уыдис иу лӕг, гӕн хъуымацӕй дарӕсы, йӕ астӕуыл — нымӕрдары фыссӕнгарз. Ӕрбацыдысты ӕмӕ ӕрхуы нывондхӕссӕны раз ӕрлӕууыдысты. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
уый тыххӕй Ӕз фӕсиддзынӕн цӕгаты ӕппӕт адӕмтӕм, стӕй Мӕ цагъар Навуходоносормӕ, Вавилоны паддзахмӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ сӕ ацы зӕххы, йӕ цӕрджыты ӕмӕ, сӕ алыварс цы адӕмтӕ цӕры, ӕппӕт уыдоны ныхмӕ схӕцын кӕндзынӕн. Быныскъуыд сӕ фӕкӕндзынӕн, адӕмыл ӕвирхъау тас куыд бафтауой ӕмӕ хынджылӕггаг куыд суой, афтӕ; гӕныстонмӕ ӕрцӕудзысты мыггагмӕ.