Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 9:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Дунедарӕг мын нӕргӕ хъӕлӕсӕй фехъусын кодта: «Ацы сахар бафхӕрын кӕмӕн бабар чындӕуыд, уыдон ӕрбацӕуӕнт, алкӕй къухы дӕр дзы хъуамӕ уа мӕлӕтхӕссӕг хӕцӕнгарз!»

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 9:1
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ райдыдтой кусӕрттӕгтӕ кӕнын, иууылсудзинӕгтӕ хӕссын. Ныр Йегу та кувӕндоны ӕдде ӕрӕвӕрдта цыппарыссӕдз лӕджы ӕмӕ сын бафӕдзӕхста: «Баалы адӕмӕй уӕ иунӕджы дӕр удӕгасӕй чи ауадза, уый йӕ бӕсты амӕлдзӕн!»


Хуыцау мӕлӕтхӕссӕг зӕд арвыста Йерусалим бабын кӕнынмӕ, фӕлӕ уый адӕмы цӕгъдын куы райдыдта, уӕд Дунедарӕг ӕркаст ӕмӕ фӕтӕригъӕд кодта сахарӕн, нал Ӕй бафӕндыди бӕллӕх ӕруадзын. Зӕдӕн загъта: «Ӕгъгъӕд фӕуӕд! Ӕруадз дӕ къух». Уыцы уысм мӕлӕтхӕссӕг зӕд уыди йевусаг Орнаны мусы сӕрмӕ.


Дунедарӕг Мысырыл Йӕ азар бафтауынмӕ куы рацӕуа ӕмӕ уын уӕ уӕлкъӕсӕртӕ ӕмӕ уӕ тӕрвӕзтыл туг куы фена, уӕд мӕлӕтхӕссӕг зӕды нӕ бауадздзӕн уӕ хӕдзӕрттӕм бацӕуын, цӕмӕй уӕ ма амара.


Уый фӕстӕ ӕз фехъуыстон Дунедарӕджы хъӕлӕс: «Кӕй арвитон? Чи Нын суыдзӕни минӕвар?» Ӕмӕ ӕз дзуапп радтон: «Мӕнӕ дӕн, мӕн арвит!»


Уӕ тырыса сисут нысанӕн, цӕмӕй адӕм ӕрбацӕуой Сионмӕ! Ӕвӕстиатӕй лидзут, уымӕн ӕмӕ уӕм Ӕз цӕгатӕй ӕрбауадздзынӕн ӕбуалгъ фыдбылыз!


Ацы цӕстылуайӕн дӕр уыди, Кевары доны цур, стӕй ма иу хатт дӕр кӕй федтон, ахӕм. Ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл.


Зӕд хъӕрӕй дзырдта: «Тӕрсут Хуыцауӕй ӕмӕ Йын кад скӕнут, уымӕн ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тӕрхоны рӕстӕг. Бакувут арв ӕмӕ зӕхх, денджыз ӕмӕ донгуырӕнтӕ Сфӕлдисӕгмӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ