2 Ӕз федтон: мӕнӕ чидӕр — адӕймаджы хуызӕн, астӕуӕй дӕлӕмӕ — артӕнгӕс, астӕуӕй уӕлӕмӕ та — цӕхӕркалгӕ згъӕрау.
Ӕз федтон: цӕгатӕрдыгӕй ӕрбацӕуы зилгӕ уад — тынг стыр ӕврагъ, уый сыгъди артау, йӕ алыварс тӕмӕнтӕ калдта.
Ӕмӕ мӕ бакодта уырдӕм. Уым кулдуары раз лӕууыди иу лӕг: йӕ уынд — ӕрттиваг ӕрхуыйау, йӕ къухты — гӕнӕй быд бӕндӕн ӕмӕ барӕн хъил.
Ӕхсӕзӕм аз, ӕхсӕзӕм мӕйӕн йӕ фӕндзӕм бон, ӕз бадтӕн мӕ хӕдзары, Иудейы хистӕртӕ дӕр — мӕ разы, ӕмӕ мыл уым Дунедарӕг Хуыцауы къух бандзӕвыд.
йӕ гуыр — налхъуыт-налмасы ӕнгӕс, йӕ цӕсгом та ӕрвӕрттывдау цӕхӕртӕ калдта. Йӕ цӕстытӕ уыдысты арты ӕвзӕгтау, йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ — ӕрттиваг ӕрхуыйау. Куы сдзырдта, уӕд йӕ хъӕлӕс уыди дзыллӕйы уынӕрау.