Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 8:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Стӕй мӕ бакодта Дунедарӕджы Кувӕндоны кулдуары цурмӕ, йе ’ргом цӕгатӕрдӕм арӕзт кӕмӕн уыди, уымӕ. Уыцы ран бадтысты сылгоймӕгтӕ ӕмӕ куыдтой Таммуз-хуыцауы мӕлӕтыл.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 8:14
5 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Уымӕн ӕмӕ Мын сымах Мӕ уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ Мӕ амындтытӕ не ’ххӕст кодтат, фӕлӕ, уӕ алыварс цы адӕмтӕ ис, уыдоны ӕгъдӕуттӕм гӕсгӕ цардыстут“».


Уый фӕстӕ мӕ уыцы лӕг цӕгатварс кулдуарыл бакодта Кувӕндоны размӕ. Ӕз федтон, Дунедарӕджы кадӕй Кувӕндон йемыдзаг куыд баци, уый ӕмӕ ныддӕлгом дӕн зӕххыл.


Бӕстӕйы адӕм бӕрӕгбӕтты заман Дунедарӕджы размӕ куы цӕуой, уӕд, бакувынмӕ цӕгатварс кулдуарыл чи бацӕуа, уый-иу фӕстӕмӕ та рацӕуӕд хуссарварс кулдуарыл, хуссарварс кулдуарыл чи бацӕуа, уый та-иу фӕстӕмӕ рацӕуӕд цӕгатварс кулдуарыл. Мидӕмӕ цы кулдуарыл бацыд, ууыл-иу ма рацӕуӕд фӕстӕмӕ, фӕлӕ рацӕуӕд уымӕн йӕ бакомкоммӕ кулдуарыл.


Ноджы мын загъта: «Кӕс дарддӕр ӕмӕ ноджы фыддӕр ӕлгъаг митӕ фендзынӕ».


Дунедарӕг мын загъта: «Уыныс, адӕймаг? Кӕс дарддӕр ӕмӕ ноджы фыддӕр ӕлгъаг митӕ фендзынӕ».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ