Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 8:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Дунедарӕг мын загъта: «Уыныс, адӕймаг, Израилы хистӕртӕй алчидӕр талынджы, йӕ гуымирыты нывтӕй фӕлыст уаты, цытӕ кӕны, уый? Уыдон дзурынц, Дунедарӕг мах нӕ уыны, зӕгъгӕ, Йӕхи, дам, атигъ кодта ацы зӕххыл».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 8:12
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕгӕн, сӕ Хуыцауӕн, ӕхсызгон цы нӕ уыд, уыдӕттӕ кодтой, се ’ппӕт сахарты, хъахъхъӕнӕн мӕсгуытӕй фидаргонд сахарты онг, кувӕн къуыбыртӕ арӕзтой сӕхицӕн.


О Дунедарӕг! Кӕмӕн у йӕ бон Дӕ Цатыры, Дӕ уаз хохыл цӕрын?


Цӕмӕн айстай Дӕ къух, Дӕ рахиз къух? Сис Дӕ къух ӕмӕ сӕ бабын кӕн!


Додой сӕ къона, Дунедарӕгӕй арф чи ӕмбӕхсы, йӕ сусӕгвӕндтӕ аууон кӕныныл чи архайы, сӕ хъуыддӕгтӕ талынджы чи кӕны ӕмӕ афтӕ чи дзуры: «Чи нӕ фендзӕн? Чи нӕ базондзӕн?»


Фыдмитӕ кодтай ӕмӕ ницӕмӕй тарстӕ, дзырдтай, ничи мӕ уыны, зӕгъгӕ. Дӕ куырыхон зонд ӕмӕ дӕ дӕ зонындзинӕдтӕ фӕсайдтой, дӕ мидзӕрдӕйы, мӕнӕн ӕмбал нӕй, зӕгъгӕ, куы дзырдтай, уӕд.


Израилы хистӕртӕ мӕм цалдӕр лӕгӕй ӕрбацыдысты ӕмӕ мӕ разы ӕрбадтысты.


Ӕвдӕм аз, фӕндзӕм мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон мӕм Израилы хистӕртӕ ӕрбацыдысты, Дунедарӕджы бафӕрсыны охыл, ӕмӕ ӕрбадтысты мӕ разы.


Израилы хистӕртӕй ӕвдайы бӕрц лӕууыдысты сӕ разы, Шафаны фырт Иазани дӕр се ’хсӕн, афтӕмӕй. Алкӕй къухы дӕр сӕ уыди будсудзӕн, ӕмӕ буды хӕрздӕфы къуыбылӕйттӕ хӕрдмӕ цыдысты.


Ноджы мын загъта: «Кӕс дарддӕр ӕмӕ ноджы фыддӕр ӕлгъаг митӕ фендзынӕ».


Дунедарӕг мын загъта: «Уыныс, адӕймаг? Кӕс дарддӕр ӕмӕ ноджы фыддӕр ӕлгъаг митӕ фендзынӕ».


Дунедарӕг мын загъта: «Уыныс, адӕймаг? Иудейы адӕм ацы ран цы ’лгъаг митӕ кӕнынц, уыдон сын фаг не сты! Нӕ, фӕлӕ ма ӕгас бӕстӕ байдзаг кодтой фыдмитӕй ӕмӕ Мын ноджы тынгдӕр ссыгътой Мӕ маст. Кӕс-ма, къалиутӕ сӕ фындзтӕм куыд схӕссынц, уымӕ.


Уый мын дзуапп радта: «Израил ӕмӕ Иудейы азым тынг стыр у. Ацы зӕхх тугӕй йедзаг у. Сахары мидӕг рӕстдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. Афтӕ зӕгъынц, Дунедарӕг, дам, Йӕхи атигъ кодта а зӕххыл ӕмӕ ницы уыны.


Уыцы бон Ӕз Йерусалимыл цырагъимӕ ӕрзилдзынӕн ӕмӕ бафхӕрдзынӕн, йе ’нхъизӕныл цы сӕн ныббадти, уыйау цы адӕмтӕ бандзыг сты, уыдоны, сӕ мидзӕрдӕйы афтӕ чи зӕгъы: «Дунедарӕг нын хорзӕй дӕр ӕмӕ ӕвзӕрӕй дӕр ницы ракӕндзӕн».


Уымӕн ӕмӕ, уыдон сусӕгӕй цы кӕнынц, уыдӕттӕн суанг сӕ кой дӕр худинаг у.


„Ӕлгъыст фӕуӕд, Дунедарӕгӕн ӕлгъаг чи у, ахӕм гуымиры чи сараза, ӕрмдӕсныйы конд гуымиры сусӕгӕй чи сӕвӕра, уый!“ Адӕм та иууылдӕр иумӕ зӕгъӕнт: „Аммен!“


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ