Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 8:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕхсӕзӕм аз, ӕхсӕзӕм мӕйӕн йӕ фӕндзӕм бон, ӕз бадтӕн мӕ хӕдзары, Иудейы хистӕртӕ дӕр — мӕ разы, ӕмӕ мыл уым Дунедарӕг Хуыцауы къух бандзӕвыд.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 8:1
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ йӕм марӕджы арвыста. Уыцы заман Елисей та сахары хистӕртимӕ бадтис йӕ хӕдзары, ӕмӕ йӕ марӕг нӕма ’рбахӕццӕ, афтӕмӕй сын зӕгъы: «Уый зонут, ӕмӕ мӕм уыцы лӕгмар мӕ марӕджы ӕрбарвыста, мӕ сӕр мын мӕ гуырӕй фӕхицӕн кӕнынмӕ. Кӕсут-иу, ӕмӕ куыддӕр фӕзына, афтӕ-иу дуар рахгӕнут ӕмӕ йӕ ма ’рбауадзут. Йӕ рарвитӕджы дӕр ныртӕккӕ ардӕм хъӕуы».


Израилы хистӕртӕ мӕм цалдӕр лӕгӕй ӕрбацыдысты ӕмӕ мӕ разы ӕрбадтысты.


Уымӕ гӕсгӕ сын фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Израилы адӕмӕй исчи йӕ зӕрдӕ гуымирытӕн куы снывонд кӕна, фыдракӕндтӕ аразыныл ӕй чи ӕфтауы, уыдоны йӕ рӕбинаг куы бакӕна ӕмӕ афтӕмӕй пехуымпармӕ дзуапп курӕг куы бацӕуа, уӕд ын Ӕз уый бӕрц гуымирытимӕ цавӕр дзуапп хъуамӕ раттон?


Ӕвдӕм аз, фӕндзӕм мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон мӕм Израилы хистӕртӕ ӕрбацыдысты, Дунедарӕджы бафӕрсыны охыл, ӕмӕ ӕрбадтысты мӕ разы.


Фарӕстӕм азы дӕсӕм мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон мын Дунедарӕг загъта:


Нӕ ахасты иуӕндӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта:


Дӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ дыууадӕсӕм бон мын Дунедарӕг загъта:


Нӕ ахасты авд ӕмӕ ссӕдзӕм азы фыццаг мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта:


Уд мӕ систа, ӕмӕ ӕз мӕ фӕсчъылдымӕй фехъуыстон нӕргӕ хъӕлӕс: «Дунедарӕджы кад арфӕгонд у Йӕ ӕрвон цӕрӕны!»


Уд мӕ систа ӕмӕ мӕ ахаста уырдыгӕй. Ӕз цыдтӕн, хъынцъымгӕнгӕйӕ, мӕстӕлгъӕдӕй, уымӕн ӕмӕ мыл Дунедарӕг Йӕ къухы уӕз ӕруагъта.


Уыцы ран мыл Дунедарӕг Йӕ арм ӕруагъта ӕмӕ мын загъта: «Марадз, ацу быдырмӕ, Ӕз уым ныхас кӕндзынӕн демӕ».


Иуӕндӕсӕм азы фыццаг мӕйӕн йӕ ӕвдӕм бон мын Дунедарӕг загъта:


Иуӕндӕсӕм азы ӕртыккаг мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта:


Дыууадӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ фыццаг бон мын Дунедарӕг загъта:


Дыууадӕсӕм азы дыууадӕсӕм мӕйӕн йӕ фынддӕсӕм бон мын Дунедарӕг загъта:


Фӕлӕ мыл йе ’рбацыды размӕ Дунедарӕг изӕрӕй Йӕ арм ӕруагъта, ӕмӕ мӕм лигъдон сӕумӕйӕ куы ’рбацыди, уӕдмӕ мын байгом кодта мӕ дзых. Ме ’взаг мын суӕгъд кодта ӕмӕ ӕз нал уыдтӕн ӕгомыг.


Ӕрбацӕудзысты дӕм къордтӕ-къордтӕй, ӕрбаддзысты дӕ разы ӕмӕ дын хъусдзысты дӕ ныхӕстӕм, фӕлӕ сӕ не ’ххӕст кӕндзысты; дзыхӕй дын козбау митӕ кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ та агурдзӕни пайда.


Дунедарӕг мыл ӕруагъта Йӕ арм, Йӕ Уды хъомысӕй мӕ систа ӕмӕ мӕ дӕлвӕзы астӕу сӕвӕрдта. Дӕлвӕз йедзаг уыди стджытӕй.


Нӕ ахасты дыууын фӕндзӕм азы фыццаг мӕйӕн йӕ дӕсӕм бон, Йерусалимы ныппырхыл цыппӕрдӕс азы куы рацыд, тӕккӕ уыцы бон мыл Дунедарӕджы къух бандзӕвыд ӕмӕ мӕ ахаста уырдӕм.


Паддзах дзыназдзӕн, ӕлдар стыр тасы бацӕудзӕн, бӕстӕйы адӕмӕн ризӕг бахӕцдзӕни сӕ къухтыл. Сӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ сын бафиддзынӕн, сӕхӕдӕг иннӕтӕн куыд тӕрхон кодтой, афтӕ сын стӕрхон кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Ӕз федтон: мӕнӕ чидӕр — адӕймаджы хуызӕн, астӕуӕй дӕлӕмӕ — артӕнгӕс, астӕуӕй уӕлӕмӕ та — цӕхӕркалгӕ згъӕрау.


Сауджыны дзыхӕй хъуамӕ, Хуыцауы базонынӕн пайда цы у, уыдӕттӕ хъуысой, йӕ ныхӕсты йын Хуыцауы Ӕгъдау агурынц, уымӕн ӕмӕ уый Уӕларвӕфсады Бардарӕджы минӕвар у.


Ӕз нӕ бабӕллыдтӕн искӕмӕн нӕдӕр йе ’взистмӕ, нӕдӕр йӕ сыгъзӕринмӕ, нӕдӕр йӕ дарӕсмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ