3 Де сӕфт ӕрцыд, ӕмӕ дыл Ӕз Мӕ азар ныххуырсдзынӕн, дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дын стӕрхон кӕндзынӕн, дзуапп дӕ ӕрдомдзынӕн де ’ппӕт ӕлгъаг миты тыххӕй.
Ӕмӕ Хуыцау загъта Нойӕн: «Зӕххыл чидӕриддӕр цӕры, уыдоны хъуамӕ фесафон: сӕ фыдмитӕй йӕ байдзаг кодтой. Бабын сӕ кӕндзынӕн зӕххимӕ иумӕ.
Дзырдтай, ӕнусмӕ уыдзынӕн ӕхсин, фӕлӕ, райсом цы уыдзӕни, ууыл хъуыды дӕр нӕ кодтай.
Кӕрӕдзиуыл сӕ ныппырх кӕндзынӕн, фыдӕй, фыртӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Нӕ сыл бацауӕрддзынӕн, нӕ сын фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ нӕ ныббардзынӕн, ныццӕгъддзынӕн сӕ“».
Фӕлӕ йӕ зӕрдӕ йе ’лгъаг гуымирытӕ аразынӕн чи снывонд кӕна, уыдонӕн сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау».
Ӕз дӕуӕн, хъахбай устытӕ ӕмӕ туг ныккалджытӕ цы тӕрхоны аккаг сты, ахӕм тӕрхон рахӕсдзынӕн — фыр мӕстӕй судзгӕйӕ ӕмӕ зӕрдӕхсайгӕйӕ Ӕз дӕу тугкалӕн мӕлӕты амӕттаг бакӕндзынӕн.
Фӕлӕ, де ’взонджы бонтӕ кӕй не ’рымысыдтӕ ӕмӕ Мӕ ӕппӕт адӕттӕй кӕй мӕсты кодтай, уый тыххӕй дын Ӕз дӕ митӕ дӕхи ныхмӕ фӕкӕндзынӕн, цӕмӕй де ’ппӕт ӕлгъӕгты фӕстӕ ӕнӕфсарм митӕ мауал кӕнай, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Ӕз дын дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн: Мӕ сомыйыл Мын дӕхи атигъ кодтай ӕмӕ фехӕлдтай нӕ фидыд.
Уымӕ гӕсгӕ, Израилы адӕм, Ӕз сымахӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон кӕндзынӕн, цы фӕндагыл лӕууы, уымӕ гӕсгӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ ныууадзут уӕ раздӕры ӕппӕт тӕригъӕдтӕ, цӕмӕй уыдоны тыххӕй ма фесӕфат.
Дӕуӕн дӕр, Израилы ӕнаккаг фӕтӕг, фыдгӕнӕг, абон ралӕууыд дӕ тӕригъӕдты фӕстаг бон!
Уымӕ гӕсгӕ сыл Ӕз Мӕ маст ныккалдзынӕн, Мӕ масты пиллонӕй сӕ бабын кӕндзынӕн, сӕ митӕ сын сӕхи сӕрыл ныххуырсдзынӕн», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг. Афон ӕрцӕудзӕн ӕмӕ Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн. Мӕ фӕнд нӕ аивдзынӕн, нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзынӕн ӕмӕ нӕ ныббардзынӕн. Стӕрхон дын кӕндзынӕн, цы фӕндагыл лӕууыс ӕмӕ цы хъуыддӕгтӕ аразыс, уыдонмӕ гӕсгӕ», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Сымах та дзурут, Дунедарӕджы хъуыддӕгтӕ раст не сты, зӕгъгӕ. Израилы адӕм, Ӕз уын стӕрхон кӕндзынӕн, алкӕмӕн дӕр — йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ».
Ныххӕлиу сӕ кодтон алы бӕстӕты, алы адӕмтыл; стӕрхон сын кодтон сӕ фӕндӕгтӕм, сӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ.
Дӕ иу ӕртыккаг хай дӕ мидӕг амӕлдзысты емынӕйӕ ӕмӕ сыдӕй, иннӕ ӕртыккаг хай карды амӕттаг бауыдзӕни дӕ алфамбылай, аннӕ ӕртыккаг хайы та дын ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн. Фӕсте сӕм ӕвзиддзынӕн кардӕй.
Афтӕмӕй Мӕ маст ссӕудзӕн, Мӕ судзгӕ маст ӕрсабыр уыдзӕн ӕмӕ уӕд ӕрӕнцайдзынӕн. Мӕ судзгӕ масты амӕттаг куы фӕуой, уӕд базондзысты, Ӕз, Дунедарӕг, рӕстдзинады сӕрыл тохгӕнгӕйӕ кӕй дзырдтон, уый.
«Адӕймаджы фырт! Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: се сӕфт ӕрцыд Израилы адӕмӕн, йе сӕфт ӕрцыд ӕппӕт зӕххӕн дӕр.
Паддзах дзыназдзӕн, ӕлдар стыр тасы бацӕудзӕн, бӕстӕйы адӕмӕн ризӕг бахӕцдзӕни сӕ къухтыл. Сӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ сын бафиддзынӕн, сӕхӕдӕг иннӕтӕн куыд тӕрхон кодтой, афтӕ сын стӕрхон кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».
Мӕ цӕст дын нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕн ӕмӕ дын нӕ ныббардзынӕн; дӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ де ’лгъаг миты тыххӕй дӕ бафхӕрдзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».
Уымӕ гӕсгӕ сын Мӕ цӕст нӕ фӕтӕригъӕд кӕндзӕни ӕмӕ сын нӕ ныббардзынӕн. Сӕ хъуыддӕгтӕ сын сӕхи ныхмӕ фӕкӕндзынӕн».
Йӕ мады гуыбыны дӕр йе ’фсымӕры зӕвӕтмӕ лӕбурдта, куы бахъомыл ис, уӕд та Хуыцауимӕ хъӕбысӕй хӕцыд.
Уый мӕ бафарста: «Цы уыныс, Амос?» Ӕз Ын дзуапп радтон: «Рӕгъӕд дыргъты чыргъӕд». Уӕд мын Дунедарӕг загъта: «Мӕ адӕмӕн, Израилӕн, сӕ кӕрон ӕрцыд, нал сын ныббардзынӕн.