Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 7:27 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

27 Паддзах дзыназдзӕн, ӕлдар стыр тасы бацӕудзӕн, бӕстӕйы адӕмӕн ризӕг бахӕцдзӕни сӕ къухтыл. Сӕ фӕндӕгтӕм гӕсгӕ сын бафиддзынӕн, сӕхӕдӕг иннӕтӕн куыд тӕрхон кодтой, афтӕ сын стӕрхон кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 7:27
22 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Израилы паддзахмӕ ӕрбацыди Хуыцауы минӕвар ӕмӕ йын загъта: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: сириӕгтӕ афтӕ кӕй дзурынц, Дунедарӕг быдырты Хуыцау нӕу, фӕлӕ хӕхбӕсты Хуыцау у, зӕгъгӕ, уый тыххӕй сын се ’нӕнымӕц бардз ратдзынӕн уӕ къухтӕм, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый».


Де знӕгтӕ худинаджы бын фӕуыдзысты, ӕнаккӕгтӕ хӕдзархӕлдӕй баззайдзысты».


Адӕмтӕ, сӕхӕдӕг кӕй скъахтой, уыцы дзыхъхъы аирвӕзтысты, сусӕг ран цы ахсӕн хыз сӕвӕрдтой, уый сӕхи къӕхтыл стыхсти.


Фыдгӕнӕгӕн та додой йӕ къона! Йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ йын бафыстӕуыдзӕн.


Адон фӕрцы басабыр уыдзыстут, сӕ уаг ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ сын куы фенат, уӕд, ӕмӕ базондзыстут, Йерусалимӕн ӕппӕт уыдӕттӕ хуымӕтӕджы кӕй нӕ бакодтон, уый», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Уымӕ гӕсгӕ, Израилы адӕм, Ӕз сымахӕй алкӕмӕн дӕр тӕрхон кӕндзынӕн, цы фӕндагыл лӕууы, уымӕ гӕсгӕ, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. — Ӕрфӕсмон кӕнут ӕмӕ ныууадзут уӕ раздӕры ӕппӕт тӕригъӕдтӕ, цӕмӕй уыдоны тыххӕй ма фесӕфат.


Дӕуӕн дӕр, Израилы ӕнаккаг фӕтӕг, фыдгӕнӕг, абон ралӕууыд дӕ тӕригъӕдты фӕстаг бон!


Бӕстыхицӕуттӕ рахиздзысты сӕ бадӕнтӕй, раппардзысты сӕ пӕлӕзтӕ, раласдзысты сӕ нывӕфтыд дарӕстӕ. Ризӕг сыл бахӕцдзӕн, тӕрсгӕ-ризгӕйӕ ӕрбаддзысты зӕххыл ӕмӕ алы уысм дӕр стъӕлфдзысты, ӕвирхъау тас сыл бафтаудзӕни дӕ хъысмӕт.


Де сӕфт ӕрцыд, ӕмӕ дыл Ӕз Мӕ азар ныххуырсдзынӕн, дӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ дын стӕрхон кӕндзынӕн, дзуапп дӕ ӕрдомдзынӕн де ’ппӕт ӕлгъаг миты тыххӕй.


Ӕхсӕзӕм аз, ӕхсӕзӕм мӕйӕн йӕ фӕндзӕм бон, ӕз бадтӕн мӕ хӕдзары, Иудейы хистӕртӕ дӕр — мӕ разы, ӕмӕ мыл уым Дунедарӕг Хуыцауы къух бандзӕвыд.


Уӕд базондзыстут, Ӕз уӕ Дунедарӕг Хуыцау кӕй дӕн ӕмӕ Сионы, Мӕ уаз хохыл, кӕй цӕрын, уый. Йерусалим суыдзӕн уаз сахар, ӕцӕгӕлӕттӕ йыл дыууӕрдӕм нал кӕндзысты.


уымӕн ӕмӕ, иннӕтӕн куыд тӕрхон кӕнат, афтӕ уын Хуыцау уӕхицӕн дӕр стӕрхон кӕндзӕн; уӕхӕдӕг цы барӕнӕй барат, уыцы барӕнӕй сбардзысты сымахӕн дӕр.


Хатыргӕнаг чи нӕу, уымӕн тӕрхондоны хатыр нӕ уыдзӕн; хорзӕхджынӕн тӕрхонӕй тас нӕу.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ