25 Ӕрбацӕуы фыд азар, ӕмӕ адӕм сабырдзинад агурдзысты, фӕлӕ йӕ не ссардзысты.
«Ӕнаккӕгтӕ ӕнцой нӕ фендзысты», — афтӕ зӕгъы мӕ Хуыцау.
Уымӕн ӕмӕ Мын уыдон Мӕ адӕмы раст фӕндагӕй здахынц ӕмӕ сын фарнӕй ныфс ӕвӕрынц, афтӕмӕй та фарнӕн йӕ кой дӕр нӕй. Мӕ адӕм тӕссонд быру куы самайынц, уӕд ӕй адон рацӕгъдынц чъырӕй».
Израилы пехуымпартӕ, Йерусалимӕн пехуымпариуӕг чи кодта ӕмӕ йын, фарнӕн йӕ кой дӕр нӕ уӕвгӕйӕ, фарн ис, зӕгъгӕ, йӕ цӕстылуайӕнтӕ чи дзырдта, уыдон», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Кӕуы йӕ исбоныл Мароты цӕрӕг, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ӕвирхъау фыдбылыз ӕруагъта Йерусалимы кулдуарыл.