23 Рӕхыс сараз, уымӕн ӕмӕ ацы зӕхх байдзаг ис тугкалӕн фыдракӕндтӕй, сахар та йедзаг у тыхмийӕ.
Менассиа, иуӕй, иудейӕгты баппӕрста тӕригъӕдты азымы, цӕмӕй кӕной, Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ цы нӕ цӕуы, уыдӕттӕ, иннӕмӕй та ныккалдта бирӕ ӕназым туг ӕмӕ туджы бын фӕкодта ӕгас Йерусалимы сахар дӕр.
уыимӕ Йерусалимы сахары ӕназымты туг кӕй ныккалдта, уый тыххӕй. Дунедарӕджы нал бафӕндыд ныххатыр кӕнын.
Кувгӕйӕ Мӕм уӕ къухтӕ куы сивазут — Ӕз Мӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнын, уӕ куывдтытӕ куы сбирӕ кӕнут — Ӕз Мӕхи ныкъкъуырма кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты.
Уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ — тугӕйдзаг, уӕ былалгъыл ӕдзух — фӕлывд, фӕлитой ныхӕстӕ.
Дугъы фӕцӕйуайынц фыдбылыз аразынмӕ, ӕназым туг ныккалынмӕ. Сӕ сагъӕстӕ, сӕ фӕндтӕ сты ӕнаккаг — бастигъын, ныппырх кӕнын.
Дӕ дарӕсы фӕччитыл — ӕнаххос мӕгуырты тугтӕ! Хуыснӕджытау сӕ давгӕйӕ нӕ баййӕфтай!
Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ бӕллынц ӕрмӕст ӕфтиагмӕ, ӕнаххосты туг калынмӕ, ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмимӕ!»
Дунедарӕг мын загъта: «Сахсӕн ӕмӕ ӕфсондз сараз ӕмӕ сӕ дӕ хъуырыл ӕрцауындз.
Хъахъхъӕнджыты хицау Невузардан Йеремиайы Рамайы куы суӕгъд кодта, уый фӕстӕ дӕр-иу Дунедарӕг дарддӕр ныхас кодта йемӕ. Невузардан Йеремиайы ссардта рӕхыстӕй бастӕй, Иудей ӕмӕ Йерусалимы уацайрӕгты, Вавилонмӕ уацары кӕй фӕцӕйкодтой, уыдоны ’хсӕн.
Донгуырӕны дон куыд пӕлхъ-пӕлхъ кӕны, уыйау фыдмитӕ, стыгъд ӕмӕ тыхми пӕлхъ-пӕлхъ кӕнынц сахары, Мӕ цӕстыты раз ӕдзух — цӕфтӕ ӕмӕ хъӕдгӕмттӕ!
ӕндӕрбӕстаг, сидзӕр ӕмӕ идӕдзы куы не ’фхӕрат, ацы бынаты ӕнаххос адӕмы туг куынӕ калат ӕмӕ уӕхи фыдӕнӕн ӕндӕр хуыцӕуттӕм куынӕ куват,
Мӕ алыварс куы самадта быру, — нӕй рацӕуӕн, рӕхыстӕй мӕ куы сбаста!
Сымах ацы сахары бирӕты фӕмардтат, йӕ уынгтӕ байдзаг сты мӕрдтӕй.
Ацы бӕстӕйы адӕмӕн зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау Йерусалимы цӕрджытӕн Израилы адӕмы тыххӕй: сӕ къӕбӕр тӕрсгӕ-ризгӕйӕ хӕрдзысты ӕмӕ сӕ дон катайгӕнгӕ нуаздзысты, уымӕн ӕмӕ зӕхх йӕ цӕрджыты фыдракӕндты аххосӕй ӕнӕхай фӕуыдзӕни йӕ бӕркадӕй.
мӕгуыр ӕмӕ гӕвзыччы куы ’фхӕра, адӕмы куы стигъа ӕмӕ йӕм цъынды цы рардӕуыд, уый фӕстӕмӕ куынӕ дӕтта, гуымирытӕм куы кува ӕмӕ ӕлгъаг митӕ куы кӕна,
Ныр Ӕз Мӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцавтон, кӕрӕф кӕй разындтӕ ӕмӕ де ’хсӕн туг кӕй кӕлы, уый тыххӕй.
Йе ’лдӕрттӕ сты йӕ амӕттаджы скъӕфӕг бирӕгъау. Архайынц туг ныккалыныл, адӕмы бабын кӕныныл ӕмӕ афтӕмӕй сбонджын уӕвыныл.
Дӕ хахуыргӕнджыты аххосӕй адӕмы туг ныккӕлы, дӕ кувӕн къуыбыртыл гуымирытӕн хаст нывӕндтӕ хӕрынц, дӕ мидӕг алы ӕлгъаг митӕ аразынц.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕгъгъӕд уын уӕд, Израилы адӕмы фӕтӕгтӕ! Мауал тых кӕнут, мауал ссӕндут, раст тӕрхон хӕссут! Мӕ адӕмы Мын мауал сурут сӕ зӕххӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау. —
Дунедарӕг мӕ бакодта Кувӕндоны мидӕггаг кӕртмӕ, ӕмӕ дын мӕнӕ Дунедарӕджы Кувӕндоны къӕсӕрмӕ, тыргътӕй нывондхӕссӕны ’хсӕн, фондз ӕмӕ ссӕдз лӕджы лӕууы. Сӕ чъылдымтӕ сарӕзтой Дунедарӕджы Кувӕндонмӕ, се ’ргом та хурыскӕсӕнмӕ ӕмӕ хурыскӕсӕнӕрдӕм хурӕн куывтой.
Дунедарӕг мын загъта: «Уыныс, адӕймаг? Иудейы адӕм ацы ран цы ’лгъаг митӕ кӕнынц, уыдон сын фаг не сты! Нӕ, фӕлӕ ма ӕгас бӕстӕ байдзаг кодтой фыдмитӕй ӕмӕ Мын ноджы тынгдӕр ссыгътой Мӕ маст. Кӕс-ма, къалиутӕ сӕ фындзтӕм куыд схӕссынц, уымӕ.
Уый мын дзуапп радта: «Израил ӕмӕ Иудейы азым тынг стыр у. Ацы зӕхх тугӕй йедзаг у. Сахары мидӕг рӕстдзинадӕн йӕ кой дӕр нӕй. Афтӕ зӕгъынц, Дунедарӕг, дам, Йӕхи атигъ кодта а зӕххыл ӕмӕ ницы уыны.
Сӕ сомытӕ фӕсайынц, марынц, давынц, хъахбай митӕ кӕнынц, тугныккалдӕн кӕрон нӕй.
Быдыр сӕ бахъӕуа — бацахсынц ӕй, хӕдзармӕ бабӕллой — байсынц ӕй; нӕ ауӕрдынц нӕдӕр лӕгыл, нӕдӕр йӕ бинонтыл, байсынц ын йӕ исбон.
Зӕххыл хӕларзӕрдӕ адӕм нал ис, раст лӕджы никуыуал ссардзынӕ. Иууылдӕр систы лӕгмартӕ, алчи йе ’фсымӕры къӕппӕджы ’ппары.
Фӕлӕ уӕддӕр хаст ӕрцыдысты йӕ адӕм, уацары сӕ акодтой. Йӕ сабиты йын, фӕндаг кӕм акъабуз ис, ахӕм рӕтты фӕмардтой. Хӕлттӕ сӕппӕрстой, ӕмӕ йын се ’хсӕн байуӕрстой йӕ уӕздӕтты, се ’ппӕты дӕр рӕхыстӕй сбастой.