18 Уӕд сӕ астӕутыл ӕрбатухдзысты сӕхъис, ӕмӕ сыл ризӕг бахӕцдзӕн. Се ’ппӕтӕн дӕр фыр ӕфсӕрмӕй судздзӕни сӕ цӕсгом, сӕ сӕртӕ дӕр уыдзысты даст.
Хур ӕрныгуылыны афон Аврам тарф фынӕй баци; ӕвирхъау тас йӕ зӕрдӕйы ныххызт, ӕмӕ йыл дуне баталынг ис.
Куы ахъуыды кӕнын, уӕд мӕхиуыл дӕр стыр тас бахӕцы, ӕмӕ ӕмризӕджы нырризын.
Кардылӕфтыд фӕуыдзысты хӕсты быдыры дӕ лӕппутӕ, де ’хсарджынтӕ.
Не ’лгъаг миты аныгъуылдыстӕм ӕмӕ фӕхудинаг стӕм, уымӕн ӕмӕ нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ нӕ фыдӕлтӕ дӕр Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы раз, тӕригъӕдтӕ фӕкодтам; не ’взонджы бонтӕй абоны онг мах Дунедарӕджы, нӕ Хуыцауы, ныхасмӕ нӕ хъуыстам».
Ма рацӕут быдыртӕм, фӕндӕгтӕм ма цӕут, уымӕн ӕмӕ алырдыгӕй дӕр — кардӕлвӕст знӕгтӕ, ӕвирхъау тас!
Мӕ адӕмы чызг! Дӕ уӕлӕ сӕхъис скӕн, рыджы сӕвдул дӕхи! Дӕ иунӕг фыртыл кӕуӕгау дӕ сау цӕссыг згъал ӕмӕ дзыназ — ӕвиппайды нӕм фӕзындзӕн нӕ сафӕг.
Сау дыл дардзысты: адасдзысты сӕ сӕртӕ, сӕхъистӕ скӕндзысты сӕ уӕлӕ, хъыггӕнгӕ дыл зӕрдӕрхалӕн хъарӕг сисдзысты.
Сауджынтӕ, уӕ уӕлӕ сӕхъис скӕнут ӕмӕ дзыназут! Додой кӕнут, нывондхӕссӕны лӕггадгӕнджытӕ! Ӕрбацӕут, мӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ, сӕхъисты арвитут уе ’хсӕв! Уымӕн ӕмӕ уӕ Хуыцауы хӕдзармӕ сӕн ӕмӕ хойраджы хуынтӕ нал хӕссынц!
Уӕ бӕрӕгбӕттӕ уын фестын кӕндзынӕн хъарӕг, уӕ зарджытӕ — кӕуын. Иууылдӕр уӕ уӕлӕ скӕндзыстут сӕхъис, адасдзыстут уӕ сӕртӕ. Адӕймаг йӕ иунӕг фырты мардыл куыд фӕкӕуы, уыйау дзыназдзыстут, алы бон дӕр — масты бон.