16 Чи ма сӕ аирвӕза, уыдон та балидздзысты хӕхтӕм ӕмӕ къӕдзӕхтыл цӕрдзысты дӕлвӕзты бӕлӕттау. Се ’ппӕт дӕр дзыназдзысты се ’наккаг миты аххосӕй.
Дунедарӕг, Израилы Хуыцау! Ӕнаипп Дӕ Ды! Уымӕн ӕмӕ мах абоны онг сӕрӕгас стӕм ӕмӕ не ’наккаг митимӕ Дӕ разы лӕууӕм, афтӕмӕй та нын ахӕм миты фӕстӕ хъуамӕ Дӕ разы лӕууӕн ма уаид».
О Хуыцау, батӕригъӕд мын кӕн! Адӕм мӕ фӕдыл зилынц, лӕбурынц мӕм, ссӕндынц мӕ ӕрвылбон.
Уӕларвӕфсады Бардарӕг ма нӕ цалдӕры удӕгасӕй куы нӕ ныууагътаид, уӕд нӕ Содомы хъысмӕт баййӕфтаид, Гоморрӕйы ӕмбисонд ныл ӕрцыдаид!
Уӕд та, Иудӕйы байзӕддагӕй чи фервӕза, уыдон ауадздзысты арф уидӕгтӕ ӕмӕ ратдзысты хъӕздыг тыллӕг.
Мӕ хъӕлӕс уыди зӕрватыччы цъиу-цъиуы, бӕлоны хъуырруйы хуызӕн. Арвы бӕрзондмӕ кастӕн ныфссастӕй ӕмӕ куывтон: „О Дунедарӕг! Нал фӕразын, фӕдзӕхсын дыл Мӕхи!“
Иууылдӕр ниуӕм ӕрсытау, хъуыр-хъуыр кӕнӕм бӕлӕттау. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Дунедарӕджы тӕрхонмӕ, нӕ хъизӕмӕрттӕй нӕ кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ, фӕлӕ нӕм ӕмгӕрон нал цӕуы.
Нӕ фыдракӕндтӕ сбирӕ сты Дӕ разы, комдзог ныл цӕуынц нӕ тӕригъӕдтӕ; уӕз ныл кӕнынц нӕ фыдракӕндтӕ, зонӕм нӕ азым:
Къуыбыртӕй хъуысы дзыназын, Израилы фыртты кӕуын ӕмӕ лӕгъстӕтӕ, уымӕн ӕмӕ галиу фӕндӕгтыл ацыдысты, ферох кодтой Дунедарӕджы, сӕ Хуыцауы!
Ардыгӕй цӕссыгкалгӕ цыдысты, фӕлӕ сӕ ныр Мӕхӕдӕг басабыр кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ, кӕуыл нӕ фӕкӕлдзысты, уыцы раст фӕндагыл цӕугӕдӕттӕм акӕндзынӕн. Уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн Израилы фыд, Мӕ фыццаг зӕнӕг Ефрем у!
Иудейӕгтӕй ма чи аирвӕзт, Мысырмӕ чи ӕрбацыд ӕмӕ дзы чи ӕрцард, уыдонӕй ничи фервӕздзӕн, фӕстӕмӕ дзы Иудейы бӕстӕм цӕрынмӕ ничи раздӕхдзӕн. Уыдон бӕллынц раздӕхынмӕ ӕмӕ ногӕй Иудейы зӕххыл ӕрцӕрынмӕ, фӕлӕ иугай лидзджытӕй уӕлдай ничиуал раздӕхдзӕн фӕстӕмӕ».
Ӕрмӕстдӕр дзы иуӕй-иутӕ аирвӕздзысты кардӕй ӕмӕ Мысыры зӕххӕй Иудеймӕ раздӕхдзысты. Ӕмӕ уӕд, Мысырмӕ цӕрынмӕ чи ’рбацыди, уыцы иудейӕгтӕй ма чи аирвӕза, уыдон базондзысты, Мӕн ӕви уыдоны ныхас сӕххӕст ис, уый.
Сионӕй хъуысы хъарӕг: «О, додой! Мӕнӕ нӕ куыд бастыгътой! Мӕнӕ куыд фӕхудинаг стӕм! Фӕцӕуӕм нӕ зӕххӕй, ныппырх сты нӕ хӕдзӕрттӕ!»
уӕд ма йӕ фырттӕ ӕмӕ йӕ чызджытӕй аирвӕздзысты иуӕй-иутӕ, ӕмӕ сӕ уырдыгӕй рахуындӕуыдзӕн. Уыдон уӕм рацӕудзысты, ӕмӕ сын сымах фендзыстут сӕ уаг ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕ, ӕмӕ уӕд, Йерусалимыл цы бӕллӕхтӕ ныххуырстон, уыдоны тыххӕй маст нал кӕндзыстут.
Адзӕгъӕл сты алы хӕхтӕ, алы бӕрзӕндтыл, ныххӕлиу сты ӕппӕт зӕххы цъарыл, ӕмӕ ничи цӕуы сӕ фӕдыл, ничи сӕ агуры.
Уӕд уӕ зӕрдыл ӕрбалӕудзысты уӕ фыдвӕндӕгтӕ ӕмӕ уӕ фыдракӕндтӕ, ӕмӕ уӕхицӕн сӕнӕуынон уыдзыстут уӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ уе ’лгъаг миты аххосӕй.
Уымӕн ӕмӕ ахӕм уынаффӕ рахастӕуыд: Ниневийы сахар гомгӕрццӕй аззайдзӕн, йӕ цӕрджыты йын уацары акӕндзысты. Йӕ унӕуттӕ марой кӕнынц, сӕ риутӕ хойынц бӕлӕттау!
Дунедарӕджы тӕрхоны бон ӕрӕввахс! Ралӕудзӕни тагъд! Ныридӕгӕн йӕ уынӕр хъуысы! Уыцы бон куы ралӕууа, уӕд суанг хъӕбатыр хӕстонтӕ дӕр ныдздзыназдзысты!