Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 7:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

14 Сыкъауадындзӕй ныууасдзысты ӕмӕ, хӕстӕввонгӕй куы ӕрлӕууой, уӕд дӕр хӕстмӕ ничи рацӕудзӕн, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕт дӕр Мӕ фыдӕхы хай фӕуыдзысты.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 7:14
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Гӕныстонгӕнджытӕ фӕцӕуынц ӕдзӕрӕг быдыры къуыбыртыл, Дунедарӕджы кард ӕгас зӕхх ныхъуыры, ӕмӕ иу уд дӕр ӕнцой нал зоны.


Фехъусын кӕнут Иудейы, расидут Йерусалимы! Ӕгас бӕстӕйы сыкъауадындзтӕй уасут, хъӕлӕсыдзагӕй хъӕр кӕнут: „Цомут ӕмӕ бырухгӕд сахартӕм алидзӕм!“


Ӕгас зӕххыл уӕ тырысатӕ сисут! Адӕмты ’хсӕн сыкъауадындзтӕй ныууасут! Арарат, Минни ӕмӕ Ашкеназы паддзахӕдтӕм фӕсидут, цӕмӕй Вавилоны ныхмӕ схӕцой! Йӕ ныхмӕ тох кӕнынӕн равзарут фӕтӕг! Уӕ бӕхтыл ӕм мӕтыхтау бабырсут!


Бениамины байзӕддӕгтӕ, лидзгӕут Йерусалимӕй! Текоайы сыкъауадындзтӕй уасут, Бет-Керемы нысанӕн арт ссудзут, уымӕн ӕмӕ уӕм цӕгатӕй фӕзындзӕни бӕллӕх, ӕвирхъау сӕфт!


Ӕз байдзаг дӕн Дунедарӕджы мастӕй, мӕ бон ӕй нал у уромын! «Сывӕллӕттыл, стӕй, уынджы чи ӕрӕмбырд, уыцы лӕппутыл ӕй ныккал! Нӕлгоймӕгтӕ ӕд устытӕ, стӕй, сӕ царды бонтӕ кӕмӕн фӕвӕййынц, уыцы зӕронд лӕгтӕ уацары бахаудзысты.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Мӕ маст ныккӕлдзӕн ацы бынатыл, адӕм ӕмӕ фосыл, быдираг бӕлӕстӕ ӕмӕ зӕххы тыллӕгыл, ссудздзӕн ӕмӕ нал ахуысдзӕн!»


Уӕ, мӕстӕй судзгӕйӕ, Израилӕн йӕ хъару басаста! Уӕ, нал ӕй хъахъхъӕны фыдгултӕй! Ӕхсидгӕ артау бандзӕрста Йаковыл, ӕнӕхъӕн бӕстӕ саусыгъд бакодта.


Йӕ фат нылвӕста Дунедарӕг знагау ӕмӕ Йӕ кардӕй бабын кодта ӕппӕт дӕр, — цыдӕриддӕр у цӕстытӕн ӕхцон! Сионы Чызджы хӕдзӕрттыл йӕ маст ныккалдта пиллон артау!


Знаг уӕм куы ӕрбабырса ӕмӕ йӕ ныхмӕ куы хӕцат уӕ зӕххыл, уӕд-иу фӕдисы уаст ныккӕнут сыкъауадындзтӕй, ӕмӕ Йӕ зӕрдыл ӕрбалӕудзыстут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн, ӕмӕ фервӕздзыстут уе знӕгтӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ