Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Езекиел 7:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Чи ауӕй кодта, уымӕн йӕ исбон нал бафтдзӕни йӕ къухы, суанг удӕгасӕй куы баззайа, уӕд дӕр, уымӕн ӕмӕ се ’ппӕты тыххӕй дӕр цӕстылуайӕн сӕххӕст уыдзӕн. Тӕригъӕды чи ӕфты, уыдонӕй иунӕг дӕр йӕ цард нӕ бахъахъхъӕндзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Езекиел 7:13
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ныр сымах дӕр паддзахы номӕй бардзырд ныффыссут иудейӕгты тыххӕй, уӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, цавӕр хъӕуы, ахӕм. Паддзахы къухдарӕнӕй йӕ сфидар кӕнут: паддзахы номӕй фыст ӕмӕ йӕ къухдарӕнӕй фидаргонд уынаффӕйӕн ӕнӕ сӕххӕстгӕнгӕ нӕй».


уымӕн ӕмӕ Хуыцаумӕ йӕ къух систа, Ӕппӕтхъомысы ныхмӕ растади,


Тӕхуды ӕмӕ Израилӕн Сионӕй ирвӕзындзинад лӕвӕрд куы ’рцӕуид! Хуыцау Йӕ адӕмы уацарӕй куы раздаха, уӕд Йаков ныццин кӕндзӕни, ӕмӕ Израил райдзӕни.


Адӕймаг дымгӕ йӕ армы нӕ бауромдзӕн, стӕй йӕ удыл дӕр йӕ бар нӕ цӕуы, цы бон амӕлдзӕн, уый йӕхицӕй аразгӕ нӕу. Ацы мӕлӕтдзаг тохӕн аргъӕвӕн нӕй, суанг фыдгӕнӕг дӕр йӕ фыдбылызты фӕрцы нӕ аирвӕздзӕн.


Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг, ӕмӕ Мӕ ныхас сӕххӕст уыдзӕн, аргъӕвӕн ын нал ис. Хиваст адӕм, сымах заманы загътон Ӕз Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Уымӕ гӕсгӕ сын зӕгъ: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ ныхӕстӕй иу дӕр дарддӕр нал аргъӕвдзынӕн. Цы зӕгъон, уый сӕххӕст уыдзӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Уӕ фӕливӕнтӕй рӕстгӕнӕджы кӕй ӕфхӕрут, Ӕз ӕй ӕфхӕринаг нӕ уыдтӕн, афтӕмӕй, ӕмӕ ӕнаккагыл фӕстӕмӕ кӕй хӕцут, ома йе ’нӕуаг митӕ ма ныууадза ӕмӕ йӕ уд ма фервӕза, зӕгъгӕ,


Ӕрдӕгсӕдӕйон азы-иу алчидӕр фӕстӕмӕ йӕ зӕххы хаймӕ раздӕхӕд.


Ӕнӕбыру хъӕуты цы хӕдзӕрттӕ ис, уыдон та нымад цӕуынц зӕххы хӕйттыл: фӕстӕмӕ сын балхӕнӕн ис, Ӕрдӕгсӕдӕйон азы сӕ суӕгъд кӕнын хъӕуы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ