5 Израилӕгты мӕрдтӕ Ӕз сӕвӕрдзынӕн сӕ гуымирыты раз, уе стджытӕ уын уӕ нывондхӕссӕнты алыварс ныххӕлиу кӕндзынӕн.
Табуйаг дуртӕ тӕгӕлтӕ фӕхауын кодта ӕмӕ Ашерӕйы цӕджындзтӕ акалдта. Кӕм уыдысты, уыцы бынӕттӕ мӕрдты стджыты бын фӕкодта.
Иосиа уым афӕлгӕсыди хохыл ӕмӕ, зӕппӕдзтыл йӕ цӕст куы ’рхӕцыд, уӕд сын сӕ хуылфӕй мӕрдты стджытӕ рахӕссын кодта ӕмӕ сӕ нывондхӕссӕныл басыгъта. Афтӕмӕй ӕгады гакк сӕвӕрдта Вефилы нывондхӕссӕныл, раздӕр Дунедарӕджы фӕдзӕхстӕй Хуыцауы ӕвзӕрст лӕг куыд фехъусын кодта, афтӕ.
Ӕцӕгӕлӕттӕ сыстадысты мӕ ныхмӕ, ӕгъатыртӕ мӕ хъавынц амарынмӕ, Хуыцауы дӕр ницӕмӕуал дарынц.
Ӕрцӕудзӕн ахӕм заман, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ уыцы бынат Тофет ӕмӕ Хинномы фырты дӕлвӕз нал хондзысты, фӕлӕ Ӕргӕвдӕн тӕрф, ӕмӕ Тофеты зӕххыл ингӕнтӕн бынат нал фаг кӕндзӕн.
Загъта мын: «Адӕймаджы фырт! Уый Мӕ паддзахы бадӕн у, Мӕ къахӕрӕвӕрӕн. Ам мыггагмӕ цӕрдзынӕн Израилы адӕмы ’хсӕн. Ӕмӕ Мын Израилӕн йӕ адӕм дӕр ӕмӕ йӕ паддзӕхтӕ дӕр нал ӕгад кӕндзысты Мӕ уаз ном: нал дӕр гуымирытӕм кувдзысты, нал дӕр та сӕ паддзӕхты мӕрдтӕ Мӕ цуры ныгӕндзысты.