2 «Адӕймаджы фырт! Де ’ргом Израилы хӕхты ’рдӕм сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн сӕ ныхмӕ.
Адӕймаджы фырт! Израилы сылгоймӕгтӕм, хивӕндӕй пехуымпариуӕг чи кӕны, уыдонмӕ де ’ргом фездах ӕмӕ сӕ ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн. Зӕгъ сын:
Рӕхысбастӕй йӕ къалатийы бакодтой, Вавилоны паддзахмӕ йӕ аластой; уыцы ран ӕй ахӕстоны баппӕрстой, цӕмӕй йӕ рыхын Израилы хӕхтӕй макуыуал райхъуыса.
«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом сараз хуссарӕрдӕм, бартхъирӕн кӕн уыцырдӕм ӕмӕ хуссары хъӕдӕн пехуымпар ныхас зӕгъ.
«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом Йерусалимы ’рдӕм сараз ӕмӕ Кувӕндоны ныхмӕ, стӕй Израилы бӕстӕйы ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн!
Цӕуыл дзыназыс, зӕгъгӕ дӕ куы фӕрсой, уӕд-иу сын дзуапп ратт: ‚Цы фыдуац ӕрбацӕуы, уый тыххӕй‘. Алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс, уе ’ппӕтӕн дӕр уӕ уӕнгтӕ ӕркӕлдзысты ӕмӕ уӕ зӕрдӕтӕ бамӕгуыр уыдзысты, фыр тӕссӕй бадонзоныг уыдзыстут. Ӕппӕт уыдӕттӕн ӕнӕрцӕугӕ нӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“».
«Адӕймаджы фырт! Аммонӕгты ныхмӕ де ’ргом сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн сӕ ныхмӕ.
«Адӕймаджы фырт! Де ’ргом сараз Сидоны ’рдӕм ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн йӕ ныхмӕ.
Бӕстӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн, кӕрон ӕрцӕудзӕн, сӕрыстыр кӕмӕй уыд, йӕ уыцы хъомысӕн. Израилы хӕхтӕ сафтид уыдзысты, иу цӕуӕг сыл нал уыдзӕн.
Сойджын сӕрвӕты сӕ хиздзынӕн, Израилы бӕрзонд хӕхтыл уыдзӕни сӕ уӕтӕр. Ривӕд кӕндзысты уыцы дзӕбӕх уӕтӕры ӕмӕ хиздзысты сойджын сӕрвӕты, Израилы хӕхтыл.
Ӕмӕ базондзынӕ, Ӕз, Дунедарӕг, кӕй фехъуыстон, ды Израилы хӕхтӕн куыд фидис кодтай, ныггӕныстон сты ӕмӕ нӕ амӕттаг баисты, зӕгъгӕ, уый.
Адӕймаджы фырт! Израилы хӕхтӕн рагуац фехъусын кӕн. Зӕгъ сын: «Израилы хӕхтӕ, байхъусут Дунедарӕджы ныхасмӕ!
Уыцы зӕххыл сӕ, Израилы хӕхтыл, иу адӕм скӕндзынӕн, се ’ппӕтӕн дӕр уыдзӕнис иу паддзах, ӕмӕ дыууӕ адӕмы нал уыдзысты, уӕдӕй фӕстӕмӕ дыууӕ паддзахадыл нал дих кӕндзысты.
Де ’ргом ӕмӕ дӕ дысфӕлдӕхт къух ӕрхъулагонд Йерусалимы ’рдӕм сараз ӕмӕ пехуымпариуӕг кӕн йӕ ныхмӕ.
Дунедарӕг мын загъта:
Уыцы заман Йешуа Анакы байзӕддӕгты ныхмӕ рацыди хӕстмӕ ӕмӕ сӕ бындзагъд ныккодта — Хеврон, Девир ӕмӕ Анавы сахарты, Иудӕ ӕмӕ Израилы ӕппӕт хӕхбӕсты. Ӕд сахартӕ сӕ фесӕфта, ӕлгъыстаг сӕ фӕкодта.