10 Уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый, ӕмӕ ӕз дзӕгъӕлы нӕ дзырдтон, ахӕм бӕллӕх сын кӕй бавзарын кӕндзынӕн, уый тыххӕй“».
Нӕ адӕм ӕмӕ нӕ хицӕутты тыххӕй Хуыцау цыдӕриддӕр загъта, уыдон иууылдӕр сӕххӕст кодта: арвы бын чи нӕма ’рцыди, ахӕм фыдӕхы хай бакодта Йерусалимы.
Ӕрмӕстдӕр дзы иуӕй-иутӕ аирвӕздзысты кардӕй ӕмӕ Мысыры зӕххӕй Иудеймӕ раздӕхдзысты. Ӕмӕ уӕд, Мысырмӕ цӕрынмӕ чи ’рбацыди, уыцы иудейӕгтӕй ма чи аирвӕза, уыдон базондзысты, Мӕн ӕви уыдоны ныхас сӕххӕст ис, уый.
Фӕлӕ Мӕ лӕггадгӕнджытӕн, Мӕ пехуымпартӕн, Ӕз цы ныхӕстӕ ӕмӕ цы уагӕвӕрдтӕ бафӕдзӕхстон, уыдон уӕ фыдӕлты нӕ баййӕфтой ӕцӕг? Ӕмӕ Мӕм уӕд раздӕхтысты ӕмӕ дзырдтой: „Уӕларвӕфсады Бардарӕг нын, нӕ фӕндӕгтӕ ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ цӕй аккаг уыдыстӕм, уый бакодта“».
Бирӕтӕ мардӕй хаудзысты уе ’хсӕн, ӕмӕ уӕд базондзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.
Ӕмӕ, чи фервӕза, уыдон, уацары сӕ кӕмӕ акӕной, уыцы адӕмты ’хсӕн ӕрхъуыды кӕндзысты Мӕн, уымӕн ӕмӕ Ӕз бауадздзынӕн хъынцъым, Мӕн чи ныууагъта, сӕ уыцы зӕрдӕты ӕмӕ, гуымирыты фӕдыл чи адзӕгъӕл, сӕ уыцы цӕстыты. Ӕмӕ уӕд сӕхӕдӕг сӕхицӕн фенӕуынон уыдзысты се ’ппӕт фыдракӕндтӕ ӕмӕ ӕлгъаг миты тыххӕй.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Дӕ армытъӕпӕнтӕ кӕрӕдзиуыл ӕрцӕв, дӕ къахӕй зӕхх ӕртъӕпп кӕн ӕмӕ зӕгъ: „Додой сӕ къона Израилы адӕмӕн се ’ппӕт ӕлгъаг миты аххосӕй! Кард, стонг ӕмӕ емынӕйы амӕттаг бауыдзысты.
Афтӕ зӕгъын Ӕз, Дунедарӕг, ӕмӕ Мӕ ныхас сӕххӕст уыдзӕн, аргъӕвӕн ын нал ис. Хиваст адӕм, сымах заманы загътон Ӕз Мӕ ныхас, ӕмӕ йӕ сӕххӕст кӕндзынӕн“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.
Афтӕмӕй Мӕ маст ссӕудзӕн, Мӕ судзгӕ маст ӕрсабыр уыдзӕн ӕмӕ уӕд ӕрӕнцайдзынӕн. Мӕ судзгӕ масты амӕттаг куы фӕуой, уӕд базондзысты, Ӕз, Дунедарӕг, рӕстдзинады сӕрыл тохгӕнгӕйӕ кӕй дзырдтон, уый.
Дӕ ныхмӕ куы рацӕуон, уыцы бонты дӕм фаг ныфс ӕмӕ фаг хъару разындзӕн, цӕмӕй ма фӕцудай? Ӕз, Дунедарӕг, куыд загътон, афтӕ бакӕндзынӕн.